Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг бархион Багаты Аланæн

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг бархион Багаты Аланæн
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг бархион Багаты Аланæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Цхинвалы цæрæг Багаты Аланæн, кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы Украинæйы.
Граждайнаг панихидæ ацыд цыппæрæмы Цхинвалы. Фæмардуæвæджы бинонтæн тæфæрфæс скæнынмæ æрбацыдысты цалдæр сæдæ адæймаджы, сæ нымæцы президент Гаглойты Алан, хицауад æмæ парламенты сæргълæуджытæ, тыхон структурæты разамонджытæ.
"Зиæнттæм цæугæйæ, мах уынæм, адæмы фылдæр хай кæй дарынц сау. Нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Бакæсут ма æвзонг лæппутæм цалдæр марды къамтимæ сæ риуыл. Ахæм рæстæг æрцыд. Ис геополитикæ, кæцыйы исты фæивын махæн нæ бон нæу, фæлæ йæ уынæм, алкæуыл дæр нæ куыд æндавы", - загъта паддзахады сæргълæууæг фыдохы митингыл.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг бархион Багаты Аланæн
Похороны Алана Багаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2022
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг бархион Багаты Аланæн
Президент бахахх кодта, Багаты Алан сæрыстырæй кæй хаста ироны ном хæсты быдыры æмæ алчидæр зоны йæ хъайтардзинады тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм адæмы фæрцы знагыл уæлахиз æввахс кæны, фæлæ æгæр стыр аргъæй.
Багаты Аланы æмкусæг Икъаты Георгий радзырдта, йе ‘мгар кæй уыд æцæг хъайтар.
"Мах службæ кодтам иу батальоны. Уый алыхатт дæр цыд разæй, никуы æмбæхст. Уыд уæздан лæппу. Алан тохы быдыры алкæмæн дæр æххуыс кодта", - загъта уый.
Президент мæлæты фæстæ схорзæхджын кодта Багаты Аланы майданæй "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæгæн".
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг бархион Багаты Аланæн
Похороны Алана Багаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2022
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Донбассы фæмардуæвæг бархион Багаты Аланæн
Ног хабӕртты лентӕ
0