Цхинвалы прокуратурӕ сгары столицӕйы цӕрӕг ӕвзонг лӕппуйы мӕлӕт

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы цад
Цхинвалы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы прокуратурӕ сгары ӕвзонг лӕппуйы мӕлӕты аххосаг, фехъусын кодтой Sputnik столицӕйы прокуратурӕйы.
Цхинвалы ӕвзонг цӕрӕджы мӕлӕты тыххӕй фыццаг райхъуыст социалон хызӕгтӕй. Уым хъусын кӕнынц, лӕппуйы фыднадӕй кӕй ссардтой горӕты цады цур.
"Цӕуы слестагъоммӕ басгӕрст. Нысан ӕрцыд медицинон экспертизӕ. Йӕ хатдзӕгтӕ куы сбӕлвырд уой, уӕд рабӕрӕг уыдзӕн йӕ мӕлӕты аххосаг", - загътой уагдоны.
Прокуратурӕйы ма радзырдтой, лӕппуйы удӕгасӕй кӕй фӕхӕццӕ кодтой РБМЦ, дохтыртӕ архайдтой йӕ фервӕзӕн кӕныныл - арӕзтой йын йӕ сӕрыл операци, фӕлӕ уый нал фервӕзт.
Ног хабӕртты лентӕ
0