Харебаты Алан: донбылгӕрон хахмӕ бацӕуыныл тобӕ сӕвӕрыны бар нӕй

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæЦӕугӕдон
Цӕугӕдон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цӕугӕдӕтты тӕккӕ былгӕрӕттӕ 20 метры донӕй ӕддейӕ хъуамӕ уой сӕрибар. Уый домы доны хъахъхъӕнӕн зонӕты фӕдыл уагӕвӕрды баххӕстгӕнинаг.
Ацы фарстыл экологы бонӕн нывонд пресс-конференцийы ӕрдзыдтой "Зелёная Алания"-йы разамонӕг Габайты Зӕлинӕ ӕмӕ экологи, геологи ӕмӕ ӕрдзон ресурстӕй пайда кӕныны комитеты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Харебаты Алан.
"Уагӕвӕрды бӕлвырдӕй нысан кӕй нӕ уыдысты донбылтӕ хъахъхъӕнӕн зонӕтӕ, уый аххосӕй дзы куыстой дурлыстӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ дзы ӕхгӕдтой улӕфӕн бынӕттӕ. Баххӕстгӕнӕнтӕй нын лӕвар сарӕзта ацӕугӕ хицауад", - загъта Габайты Зӕлинӕ.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг ӕзты донбылты иууылдӕр сӕхи ӕркодтой амалиуӕгдартӕ, уыдон дзы сарӕзтой улӕфӕн зонӕтӕ ӕмӕ сӕм ӕнӕаргъӕй бацӕуӕн нӕ уыд. Адӕм уый тыххӕй тынг хъаст кодтой, фыстой проблемӕйыл ДИФ-тӕ, фӕлӕ йын нырмӕ алыг кӕнын не 'нтыст.
"Доны хъахъхъӕнӕн зонӕты фӕдыл 2013 азы уагӕвӕрдмӕ нӕ комитеты хъӕппӕрисӕй хаст ӕрцыд ивындзинӕдтӕ. Баххӕстгӕнинӕгты сӕйраг у, кӕй ӕмбарын кӕнынц донбылгӕрон хахх, уый у донӕй 20 метры ӕддейӕ. Уый у ӕппӕт цӕрджытӕн иумӕйаг ӕмӕ никӕмӕн ис бар, цӕмӕй тобӕ сӕвӕрой уыцы зонӕмӕ бацӕуыныл", - загъта Харебаты Алан.
Уый ма бафтыдта, ацы документӕй кӕй архайдзысты, цалынмӕ доны кодекс ист не 'рцӕуа, уӕдмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0