Æлборты Диана: Хуссар Иры иуыл æвзонгдæр скрипкæдзæгъдæгыл цæуы фондз азы

Æлборты Диана: сывæллæтæ æхсызгонæй цæгъдынц популярон музыкæ
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 2-æм музыкалон скъолайы ацыд скрипкæйыл цæгъдынæй концерт. Ахуыргæнинæгтæ æрбавдыстой куыд классикон, афтæ популярон уацмыстæ дæр. Уый тыххæй Sputnik радзырдта скъолайы директор Æлборты Диана.
"Хъуамæ ауагътаиккам концерт апрелы, фæлæ бæрæгбонтæ æмæ каникулты тыххæй аивтам бон", – радзырдта скъолайы сæргълæууæг.
Директоры ныхæстæм гæсгæ, фæстаг æзты скрипкæйыл ахуыр кæнын кæй фæнды, ахæм сывæллæттæ фæфылдæр сты. Иуыл æрыгондæр ахуыргæнинагыл цыд фондз азы, йæхи æнтысджынæй равдыста.
Куыд банысан кодта Æлборты Диана, афтæмæй республикæйы æмæ æнæхъæн дунейы дæр цы уæззау цаутæ цæуы, уый фæстиуæгæн музыкалон скъолайы кусджытæ дызæрдыг кодтой мадзал ауадзыныл. Фæлæ сывæллæтты зæрдæтæ дæр хъæуы барухс кæнын æмæ уый тыххæй уынаффæ рахастой, цæмæй ахуыргæнинæгтæ сæ арæхстдзинад скрипкæйыл цæгъдыны хъуыддаджы равдисой.
"Сывæллæттæ æхсызгондæрæй æвзарынц популярон композицитæ, фæлæ уый хыгъд цæгъдынц классикон уацмыстæ дæр", - бафтыдта музыкалон съолайы сæргълæууæг.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0