Транскам байгом фæндагон змæлдæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл байгом ис фæндагон змæлд, хъусын кæны майрæмбоны УУМ пресс-службæ.
Трассæ сæхгæдтой майрæмбоны 11.00 сахатæй, цæмæй 55-æм километрыл - цæрæн пункт Ручъы районы æркалдтаиккой дуртæ.

"16.30 сахатæй Транскам байгом ис транспорты алы хуызтæн дæр æнæ арæнæвæрдтæй", - дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.

Транскам у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Цӕуы хӕхты астӕу, йӕ дӕргъ - 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0