Цхинвалы ИКЦ территорийыл фæуд кæны Архистратиг Михаилы номыл кувæндоны арæзтад

© SputnikАрхистратиг Михаилы номыл кувæндон
Архистратиг Михаилы номыл кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Архистратиг Михаилы номыл кувæндоны арæзтад Хуссар Ирыстоны столицæйы информацион-координацион центры (ИКЦ) территорийыл бахæццæ кæронбæттæн стадимæ. Майрæмбоны йæ бæрзæндыл сæвæрдтой дзуар.
Уæрæсейы рæстдинон дзуары динамонæг фыд Сергий саргъуыдта дзуар, уыцы церемонийы хайад райстой Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, республикæйы мидхъуыддæгты министры хæдивæг Марданты Спартак, афтæ ма ИКЦ кусджытæ.
ИКЦ директоры хæдивæг, милицийы инæлар-майор Болататы Алан куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй кувæндоны фыццаг дур бавæрдтой 2019 азы ноябры. Арæзтад цыд æхсæнадон бындуртыл, куыстой дзы ИКЦ, Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытæ, æххуыс сын кодтой уæрæсейаг МХМ кусджытæ дæр.
"Арæзтадæн дур æрластой Крозæй. Егъау æххуыс нын бакодта Джуссойты Константин – арæзтадон компанийы гендиректор, кæцы архайдта ИКЦ бæстыхæйтты арæзтады фыццæгæм æмæ дыккæгæм этапы. Алчидæр æххуыс кодта йæ бон куыд уыд, афтæ", - загъта уый.
© SputnikЦхинвалы ИКЦ территорийыл фæуд кæны Архистратиг Михаилы номыл кувæндоны арæзтад
Православный крест установили на часовню в совместном ИКЦ МВД Южной Осетии и России - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2022
Цхинвалы ИКЦ территорийыл фæуд кæны Архистратиг Михаилы номыл кувæндоны арæзтад
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы МХМ иумæйаг информацион-координацион центр арæзт æрцыд дыууæ бæстæйы хсæн хæларад æмæ интеграцийы бадзырды реализацийы фæлгæтты. Центры арæзтад æмæ архайды фæдыл бадзырд бафыстæуыд 2016 азы 4 июлы.
© SputnikЦхинвалы ИКЦ территорийыл фæуд кæны Архистратиг Михаилы номыл кувæндоны арæзтад
Православный крест установили на часовню в совместном ИКЦ МВД Южной Осетии и России - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2022
Цхинвалы ИКЦ территорийыл фæуд кæны Архистратиг Михаилы номыл кувæндоны арæзтад
Ног хабӕртты лентӕ
0