УФ Хъахъхъӕнынады министр снысан кодта ног амӕлттӕ Украинӕйы операци фӕтагъд кӕныны фӕдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæМариуполь
Мариуполь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik.Цӕцӕны сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыров Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуимӕ фембӕлдӕн фӕстиуджытӕ аразгӕйӕ фехъусын кодта, Сӕрмагонд операци Украинӕйы кӕй ацӕудзӕн фйӕтагъддӕргонд режимы, уымӕн ӕмӕ хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг снысан кодта ног хӕстӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕдты тактикӕ фӕхуыздӕр кӕныны нысанӕн. Уый тыххӕй майрӕмбоны хъусын кӕны РИА Новости.
"Сергей Кужугеты фырт снысан кодта ног хӕстӕ, кӕцытӕ фӕахъаз уыдзысты дарддӕры тактикӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Райсгӕ мадзӕлтты фӕрцы бирӕ фӕстиуӕгджындӕр уыдзысты размӕбырстон маневртӕ, ӕмӕ сӕрмагонд операци иумӕйагӕй сисгӕйӕ цӕудзӕн фӕтагъддӕргонд режимы", - ныффыста Кадыров йӕ Telegram-каналы.
Уымӕй дарддӕр ма министр, бафтыдта Цӕцӕны раздзог, рарвыста бузныджы ныхӕстӕ ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ сты хайбавӕрд хӕссынц националистон ӕмӕ бендероваг къордты ныхмӕ тохмӕ.
УФ авиаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2022
Уӕрӕсейаг авиаци иу суткӕмӕ скуынӕг кодта 240 онг украинӕйаг националисты
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0