https://sputnik-ossetia.com/20220604/styr-dyndzhyr-m-egau-16874514.html
Стыр, дынджыр æмæ егъау
Стыр, дынджыр æмæ егъау
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы æртæ дзырды цæрынц кæрæдзи ивгæйæ, тынг æнгæс сты сæ нысаниуджытæ. Арæх фæдзурæм сæ иу иннæйы бæсты. Æниу ахæм æнгæс дзырдтæ бирæ ис алы æвзаджы дæр. Æцæг... 04.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-04T11:22+0300
2022-06-04T11:22+0300
2022-06-04T11:22+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/1b/16874482_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_47386267e5d787dbf2edd11f74be76bd.png
Стыр, дынджыр æмæ егъау
Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр, дынджыр æмæ егъау
Ацы æртæ дзырды цæрынц кæрæдзи ивгæйæ, тынг æнгæс сты сæ нысаниуджытæ. Арæх фæдзурæм сæ иу иннæйы бæсты. Æниу ахæм æнгæс дзырдтæ бирæ ис алы æвзаджы дæр. Æцæг у, уыдон æрмæст фыццаг бакастæй вæййынц æмхуызон. Лыстæг æркæсгæйæ фæбæрæг вæййынц сæ алыгъуызон сусæгдзинæдтæ, сæ хицæндзинæдтæ.Дзырд "стыр" абон дæр цæры æрмæст не 'ввахс ирайнаг æрвадæл æвзæгты нæ, фæлæ ма суанг нæ дардæрвадæлон æвзæгты дæр – рагон немыцаг, шведаг, латинаг, индиаг, сомихаг æмæ æндæр æвзæгты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ацы стыр хæццæ кæны, ирайнаг, славяйнаг, гермайнаг, ромаг æмæ бирæ æндæр æвзæгтæ ма иу æвзаг куы уыдысты, суанг уыцы дард незамайнаг дугтæм. Уый рагон дзырд у, фыдæлтыккон дзырд у. Æмæ стыр у йæ бынат дæр нæ ныхасы, не ʻвзаджы.Дзырдтæ "дынджыр" æмæ "егъау" æцæгæлон сты. Зæгъынц, дынджыр, дам, нæм æрбафтыд туркаг дунейæ, егъау та, дам, цыма монголтæй æрбахауд. Дзырд "дынджыр" бацархайдта йæхицæн бынат æркæныныл. Уый цасдæры бæрц бакъуындæг кодта "стыр"-ы фæрæзтæ æмæ дзы пайда кæнынц искæмæн, кæнæ истæмæн йæ асыл, йæ гуырахстыл дзургæйæ: дынджыр къæхтæ, дынджыр лæг кæнæ ус, дынджыр сæр, дынджыр хæдон, дынджыр комдзаг.Куы дзурæм дзырд "егъау"-ы тыххæй дæр. Уый кæд æцæгæлон у, уæддæр ирон æвзаджы рагæй цæры æмæ йын ныр йæхи бынат ис не ʻвзаджы.Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/05/1b/16874482_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_4bc321cc64a11b8bc6c6299f76e159bd.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Ацы æртæ дзырды цæрынц кæрæдзи ивгæйæ, тынг æнгæс сты сæ нысаниуджытæ. Арæх фæдзурæм сæ иу иннæйы бæсты. Æниу ахæм æнгæс дзырдтæ бирæ ис алы æвзаджы дæр. Æцæг у, уыдон æрмæст фыццаг бакастæй вæййынц æмхуызон. Лыстæг æркæсгæйæ фæбæрæг вæййынц сæ алыгъуызон сусæгдзинæдтæ, сæ хицæндзинæдтæ.
Дзырд "стыр" абон дæр цæры æрмæст не 'ввахс ирайнаг æрвадæл æвзæгты нæ, фæлæ ма суанг нæ дардæрвадæлон æвзæгты дæр – рагон немыцаг, шведаг, латинаг, индиаг, сомихаг æмæ æндæр æвзæгты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ацы стыр хæццæ кæны, ирайнаг, славяйнаг, гермайнаг, ромаг æмæ бирæ æндæр æвзæгтæ ма иу æвзаг куы уыдысты, суанг уыцы дард незамайнаг дугтæм. Уый рагон дзырд у, фыдæлтыккон дзырд у. Æмæ стыр у йæ бынат дæр нæ ныхасы, не ʻвзаджы.
Дзырдтæ "дынджыр" æмæ "егъау" æцæгæлон сты. Зæгъынц, дынджыр, дам, нæм æрбафтыд туркаг дунейæ, егъау та, дам, цыма монголтæй æрбахауд. Дзырд "дынджыр" бацархайдта йæхицæн бынат æркæныныл. Уый цасдæры бæрц бакъуындæг кодта "стыр"-ы фæрæзтæ æмæ дзы пайда кæнынц искæмæн, кæнæ истæмæн йæ асыл, йæ гуырахстыл дзургæйæ: дынджыр къæхтæ, дынджыр лæг кæнæ ус, дынджыр сæр, дынджыр хæдон, дынджыр комдзаг.
Куы дзурæм дзырд "егъау"-ы тыххæй дæр. Уый кæд æцæгæлон у, уæддæр ирон æвзаджы рагæй цæры æмæ йын ныр йæхи бынат ис не ʻвзаджы.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.