https://sputnik-ossetia.com/20220605/rissag-nad--kuydzy-kakhy-16964591.html
Риссаг над – куыдзы къахæй
Риссаг над – куыдзы къахæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахæм над рисгæ нæ кæны, фæлæ йæ сæрыл хъустæ кæмæн ис, уымæн лæдзæджы надæй карздæр у. Йæ сæрыл хъустæ кæмæн нæй, кæмæ ницы хъары, ахæмты тыххæй та фæзæгъынц... 05.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-05T10:11+0300
2022-06-05T10:11+0300
2022-06-05T10:11+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/03/16964412_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_469751c1d472e297491e2a5c55cb7d7f.png
Риссаг над – куыдзы къахæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Риссаг над – куыдзы къахæй
Ахæм над рисгæ нæ кæны, фæлæ йæ сæрыл хъустæ кæмæн ис, уымæн лæдзæджы надæй карздæр у. Йæ сæрыл хъустæ кæмæн нæй, кæмæ ницы хъары, ахæмты тыххæй та фæзæгъынц: куыдзыл бату кæн æмæ йæ басдæра.Цымыдисаг у, цæуылнæ фæзæгъынц хуыйы къахæй фæнæмын, бæхы къахæй, сæгъы кæнæ æндæр исты цæрæгойы къахæй. Нæ, æрмæстдæр куыдзы къахæй надæуы..."Куыдзы къахæй фæнæмын", æвæццæгæн, баст у, куыдз ирон хæдзары цы уавæры ис фыдæлтæй фæстæмæ, ууыл.Куыдзы къахæй фæнæмынц, тынг бафхæрын кæй хъæуы, ахæм адæймаджы. Уыцы æфхæрд вæййы æрмæстдæр æвзагæй æмæ рæстагæй: азымджын адæймагæн комкоммæ æмæ хъæбæрæй фæдзурынц карз уайдзæфтæ. Уыцы уайдзæфтыл, æргомæй кæд нæ, уæддæр йæ зæрдæйы мидæг разы вæййы, кæмæн сæ фæдзурынц, уый йæхæдæг дæр.Фæлæ иугæр уайдзæфтæ æнæхъола фидис æмæ загъдмæ куы раивой, уæд куыдзы къахæй фæнæмын нал фæдзурынц. Уæд та фæзæгъынц: куыдзау дæр ыл фæрæйдта.Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстон.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/03/16964412_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_16a6fc68edfdf943e6b69b375a4b3adf.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Ахæм над рисгæ нæ кæны, фæлæ йæ сæрыл хъустæ кæмæн ис, уымæн лæдзæджы надæй карздæр у. Йæ сæрыл хъустæ кæмæн нæй, кæмæ ницы хъары, ахæмты тыххæй та фæзæгъынц: куыдзыл бату кæн æмæ йæ басдæра.
Цымыдисаг у, цæуылнæ фæзæгъынц хуыйы къахæй фæнæмын, бæхы къахæй, сæгъы кæнæ æндæр исты цæрæгойы къахæй. Нæ, æрмæстдæр куыдзы къахæй надæуы...
"Куыдзы къахæй фæнæмын", æвæццæгæн, баст у, куыдз ирон хæдзары цы уавæры ис фыдæлтæй фæстæмæ, ууыл.
Куыдзы къахæй фæнæмынц, тынг бафхæрын кæй хъæуы, ахæм адæймаджы. Уыцы æфхæрд вæййы æрмæстдæр æвзагæй æмæ рæстагæй: азымджын адæймагæн комкоммæ æмæ хъæбæрæй фæдзурынц карз уайдзæфтæ. Уыцы уайдзæфтыл, æргомæй кæд нæ, уæддæр йæ зæрдæйы мидæг разы вæййы, кæмæн сæ фæдзурынц, уый йæхæдæг дæр.
Фæлæ иугæр уайдзæфтæ æнæхъола фидис æмæ загъдмæ куы раивой, уæд куыдзы къахæй фæнæмын нал фæдзурынц. Уæд та фæзæгъынц: куыдзау дæр ыл фæрæйдта.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстон.