https://sputnik-ossetia.com/20220606/khussar-iry-banysan-kodtoy-uyryssag-avzadzhy-bon-ama-pushkiny-rayguyran-bon-16993033.html
Хуссар Иры банысан кодтой Уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ Пушкины райгуырӕн бон
Хуссар Иры банысан кодтой Уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ Пушкины райгуырӕн бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Пушкины скверы Цхинвалы къуырисӕры райсомӕй ацыд бӕрӕгбонон мадзал Уырыссаг ӕвзаджы боны цытӕн. Бӕрӕгбон нысан цӕуы... 06.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-06T13:25+0300
2022-06-06T13:25+0300
2022-06-06T13:25+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
культурӕ
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/06/16989912_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_d2550865cbce903b58a5291ef1f3d345.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Пушкины скверы Цхинвалы къуырисӕры райсомӕй ацыд бӕрӕгбонон мадзал Уырыссаг ӕвзаджы боны цытӕн. Бӕрӕгбон нысан цӕуы гениалон уӕрӕсейаг поэт Александр Пушкины райгуырӕн боны. Ацы аз уӕрӕсейаг дуне нысан кӕны фыссӕджы 223-ӕм райгуырӕн бон.Арфӕйы ныхӕстӕ бӕстӕйы президент Гаглойты Аланы номӕй ӕрӕмбырдуӕвджытӕн загъта ахуырады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Натали.Сквермӕ цы ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ ӕрбамбырд, уыдоны раз ма раныхас кодта Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын мирӕвар Хуссар Иры Марат Кулахметов.Уый банысан кодта, "нӕ цард иууылдӕр ӕнгом баст кӕй у Пушкинимӕ". "Йӕ аргъӕуттыл мах ахуыр кодтам дуне, ӕмбӕрстам рӕсугъддзинад, ахорӕнтӕ, ӕнкъарӕнтӕ. Хъыгагӕн, бирӕ рацӕрын ын нӕ бантыст. Фӕлӕ уыцы цыбыр рӕстӕгмӕ дӕр уый сарӕзта уацмыстӕ, кӕцытӕ ӕрзылдысты ӕппӕт дунейыл", - загъта минӕвар. Арфӕтимӕ ма уазджыты раз ралӕууыд парламенты сӕрдар Тадтаты Алан дӕр ӕмӕ бафиппайдта, савӕллӕттӕ иууылдӕр кӕй хъомыл кӕнынц уырыссаг генийы уацмыстыл. "Махӕн ӕмхуызон ахаст ис куыд Александр Пушкинмӕ, афтӕ Хетӕгкаты Къостамӕ дӕр. Хуссар Ирыстоны дыууӕ мадӕлон ӕвзаджы дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы нӕй. Мах нӕхи нымайӕм уырыссаг дунейы хайыл, сӕрыстыр стӕм уырыссаг дунейӕ", - загъта уый.Мадзалы рӕстӕджы скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ бакастысты куыд Пушкины, афтӕ ӕндӕр уырыссаг зындгонд фысджыты ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр. Кӕронбӕттӕны уыдон дидинджытӕ сӕвӕрдтой поэты цыртмӕ. Пушкины бон уӕрӕх нысан цӕуы Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы ӕндӕр бӕстӕты, се хсӕн Хуссар Ирыстоны дӕр. Ацы бон уагъд фӕцӕуынц цытджын мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд вӕййынц зындгонд поэты цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕн, уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/06/16989912_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_a7517aa0d4a58979e80ee3f46995e169.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, культурӕ, ахуырад
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, культурӕ, ахуырад
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Пушкины скверы Цхинвалы къуырисӕры райсомӕй ацыд бӕрӕгбонон мадзал Уырыссаг ӕвзаджы боны цытӕн. Бӕрӕгбон нысан цӕуы гениалон уӕрӕсейаг поэт Александр Пушкины райгуырӕн боны. Ацы аз уӕрӕсейаг дуне нысан кӕны фыссӕджы 223-ӕм райгуырӕн бон.
Арфӕйы ныхӕстӕ бӕстӕйы президент Гаглойты Аланы номӕй ӕрӕмбырдуӕвджытӕн загъта ахуырады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Натали.
"Ацы боны ахадындзинад ӕмбаргӕйӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы стыр уарзондзинад уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕмӕ, куыд мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕмӕ", - фехъусын кодта уый бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ.
Сквермӕ цы ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ ӕрбамбырд, уыдоны раз ма раныхас кодта Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын мирӕвар Хуссар Иры Марат Кулахметов.
Уый банысан кодта, "нӕ цард иууылдӕр ӕнгом баст кӕй у Пушкинимӕ".
"Йӕ аргъӕуттыл мах ахуыр кодтам дуне, ӕмбӕрстам рӕсугъддзинад, ахорӕнтӕ, ӕнкъарӕнтӕ. Хъыгагӕн, бирӕ рацӕрын ын нӕ бантыст. Фӕлӕ уыцы цыбыр рӕстӕгмӕ дӕр уый сарӕзта уацмыстӕ, кӕцытӕ ӕрзылдысты ӕппӕт дунейыл", - загъта минӕвар.
Арфӕтимӕ ма уазджыты раз ралӕууыд парламенты сӕрдар Тадтаты Алан дӕр ӕмӕ бафиппайдта, савӕллӕттӕ иууылдӕр кӕй хъомыл кӕнынц уырыссаг генийы уацмыстыл.
"Махӕн ӕмхуызон ахаст ис куыд Александр Пушкинмӕ, афтӕ Хетӕгкаты Къостамӕ дӕр. Хуссар Ирыстоны дыууӕ мадӕлон ӕвзаджы дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы нӕй. Мах нӕхи нымайӕм уырыссаг дунейы хайыл, сӕрыстыр стӕм уырыссаг дунейӕ", - загъта уый.
Мадзалы рӕстӕджы скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ бакастысты куыд Пушкины, афтӕ ӕндӕр уырыссаг зындгонд фысджыты ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр. Кӕронбӕттӕны уыдон дидинджытӕ сӕвӕрдтой поэты цыртмӕ.
Пушкины бон уӕрӕх нысан цӕуы Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы ӕндӕр бӕстӕты, се хсӕн Хуссар Ирыстоны дӕр. Ацы бон уагъд фӕцӕуынц цытджын мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд вӕййынц зындгонд поэты цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕн, уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕн.