Хуссар Иры паддзахадон театр бамбал ис уӕрӕсейаг проект "Большие гастроли"-мӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон театр
Паддзахадон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ равдисдзӕн спектакль "Самоубийца" Тамбов ӕмӕ Воронежы, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ-йы пресс-службӕйы.
Уӕрӕсейӕг режиссер Алексей Размаховы бакастӕй спектакль уал фыццаг бавдисдзысты Цхинвалы, премьерӕ нысан у 11-12 июньмӕ.

"Куыст у йӕ тӕмӕны. Уазӕг режиссер цӕттӕ кӕны спектакль ацы къуырийы кӕрон равдисынмӕ. Уый фӕстӕ райдайдзӕн йӕ фӕсарӕйнаг цард - 19 июны ӕвдыст цӕудзӕн Тамбовы, 21 - Воронежы",- хъусын кӕны пресс-службӕ ПДТ-йы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерланы ныхӕстӕ.

Уагдоны ма куыд банысан котой, афтӕмӕй равдысттӕ цӕуынц Уӕрӕсейы культурӕйы министрад ӕмӕ Росконцерты проект "Большие гастроли"-йы фӕлгӕтты.
Николай Эрдманы пьесӕ "Самоубийцы" фыст æрцыд XX æнусы, таурæгъ кæны 20-æм азты уавæрыл. Архайд цæуы мæскуыйаг фатеры. Æвдыст дзы цæуы уæззау, зындард нæлгоймаг Семен, кæцы цæры йæ ус æмæ йæ усы мадимæ. Фæстагмæ уый æрхъавыд йæхи марын, фæлæ уый дæр катайаг бирæтæн не 'ссис.
Нывӕзтгонд проект ӕххӕст цӕуы Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисы сӕрмагонд проект "режиссерская лаборатория"- йы фӕлгӕтты. Ивгъуыд аз паддзахадон драмон театры труппӕимӕ куыстой ӕртӕ хицӕн режиссеры Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисӕй. Уазджытӕ ӕрцыдысты Цӕдис ӕмӕ Хуссар Ирыстоны театры ӕмгуыстады фӕстиуӕгӕн. Ӕртӕ хицӕн режиссеры сӕвӕрдтой хицӕн эскизтæ (пьесӕйы скъуыддзаг) бынӕттон актертимӕ. Аргъгæнæг сын уыдысты сӕхӕдӕг актертӕ ӕмӕ театралон факультеты студенттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0