Ног хицауад цы æмгъуыдмæ хъуамæ æрцæуа арæзт – эксперты комментарий

Ног хицауад цы æмгъуыдмæ хъуамæ æрцæуа арæзт – эксперты комментарий
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ног президент Гаглойты Аланы равзæрсты æмæ инаугурацийы фæстæ Конституцийы фæткмæ гæсгæ хицауад фехъусын кодта отставкæйы тыххæй.
Президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты отставкæйы фæдыл. Уый мыхуыргонд æрцыд республикæйы сæргълæууæджы сайтыл.
Архайгӕ законмӕ гӕсгӕ, хицауады отставкӕйы райсты фӕстӕ президент дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ бавдисы парламентмӕ ног хицауады сӕрдары кандидатурӕ, закондӕттӕг органы ӕркастӕн хицӕн цӕуы иу къуыри. Кæд хъуамæ æрцæуа арæзт ног хицауад, министртæй алчидæр хъуамæ ацæуа отставкæйы æви нæ, цы уыдзæн, парламент куы равдиса йе 'нæразыдзинад æрбавдисгӕ кандидатурæимæ - ацы æмæ æндæр фарстыты фæдыл бæстон дзуапп радта парламенты депутат Бесаты Зита.
Уый куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы президент хицауады сӕрдары кандидатурӕ хъуамæ æрбавдиса парламентмӕ дыууӕкъуырион æмгъуыды кæронмæ. Кæд æмæ рæстæг æмгъуыдæй ахиза, уæддæр уый ницы зиан æрхæсдзæн.
Кандидаттæм хъуамæ æркæса парламент æмæ разыдзинады уынаффæ рахæсса.
"Президентæн бар ис æмæ иу кандидаты дыууæ хатты æрбавдиса", - баххæст кодта Бесаты Зита.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0