Уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта Украинæйы америкæйаг радиолокацион станц

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг авиаци
Уæрæсейаг авиаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-майор Игорь Конашенков фехъусын кодта, ивгъуыд суткæйы дæргъы уæрæсейаг æфсæдтæ кæй скуынæг кодтой Украинæйы америкæйаг радиолокацион станц, механикон завод, кæцы цалцæг кодта æфсæддон техникæ, афтæ ма æрыппæрстой хæдтæхæг æмæ 13 æнæпилотон тæхæг аппараты. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости.
Инæлар-майор банысан кодта, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери кæй скуынæг кодтой украинæйаг æфсæддонтæ æмæ техникæйы 431 лæууæн бынаты, фæткдаруаты авд пункты æмæ артиллерион æмæ минометон дæлхайæдты 34 æхсæн позицийы.
"Артилеррийы цæфты фæстиуæгæн скуынæг кодтой 300-йæ фылдæр националисты, 10 танчы, залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы дыууæ иуæджы., 17 сæрмагонд хæдтулгæйы, быдырон артиллери æмæ минометты 17 сармадзаны, ракетон-артиллерион хæцæнгарзы æртæ æфтауцы, афтæ ма америкæйаг радиолокацион станц" – ранымадта Конашенков.
Уымæй дарддæр дырыс ракетæтæй скуынæг кодтой Харьковы областы горæт Лозоваяйы механикон заводы коррпустæ, цы ран цалцæг кодтой украинæйаг бронетехникæ.
УГТ ӕфсӕддон уацайрӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2022
Луганскы ФХМ радзырдтой, цавӕр ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы украинӕйаг националисттӕм
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 190 хӕдтӕхӕджы, 129 вертолеты, 1127 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 330 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3424 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 473 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1795 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3446 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0