https://sputnik-ossetia.com/20220607/agas-irystony-zian-tskhinvaly-fastag-kharzbon-zagtoy-adamon-artist-kharebaty-fedoran-17014634.html
Ӕгас Ирыстоны зиан: Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой адӕмон артист Харебаты Федорӕн
Ӕгас Ирыстоны зиан: Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой адӕмон артист Харебаты Федорӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстоны адӕмон артист, цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист, режиссер Харебаты Федорӕн. 07.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-07T15:36+0300
2022-06-07T15:36+0300
2022-06-07T15:36+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/07/17013010_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_7b893136377861ac81fe6ef17781cb0f.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстоны адӕмон артист, цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист, режиссер Харебаты Федорӕн.Фыдохы митинг ацыд, цы бирӕуӕладзыгон хӕдзары цард Мамсырайы фырты уынгыл, уый кӕрты.Зынгӕ культурон архайӕджы йе 'нусон бынатмӕ афӕндараст кӕнынмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы разамынад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй. Стӕй ма сфӕлдыстадон ӕмӕ зонадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, йӕ бинойнаг Битарты Зояйы коллегӕтӕ. Йӕ дадайы афӕндараст кӕнынмӕ Санкт-Петербургӕй ӕрцыд йӕ иунӕг чызджы чызг дӕр.Фыдохы митинг йӕ разныхасӕй бакодта бинонты сыхаг, литературӕзонӕг Плиты Сергей.Адӕмон артисты зианы организаци ӕмӕ хӕрдзтӕ йӕхимӕ райста паддзахад, уый фӕдыл скодтой сӕрмагонд къамис.Харебаты Федоры хӕлар, ХИПУ ирон литературӕйы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг Плиты Гацыр йӕ раныхасы банысан кодта, ныры дуг кӕй хӕссы бирӕ зиӕнттӕ."Уый цъус нӕ рацард, фӕлӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Йӕ мӕлӕт канд йе 'мкъай Битарты Зояйы ӕмӕ театры зиан нӕу, фӕлӕ ӕгас Ирыстоны", - банысан кодта Плиты Гацыр.Уый базонгӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджыты адӕмон артисты цардвӕндагимӕ. Райгуырд Харебаты Федор Знауыры районы Исахъы хъӕуы. Стыр бинонтӕ, цы ран хъомыл кодтой 9 сывӕллоны, цардагур ацыдысты Тбилисмӕ. Уым каст фӕцис астӕуккаг скъола, уый фӕстӕ йӕ царды уыд ХИПИ ӕмӕ МХАТ. 1961 азӕй фӕстӕмӕ та артист йӕ цард ӕнгом сбаста театримӕ.Хуссар Ирыстоны адӕмон артист Харебаты Федоры бавӕрдтой Национ пантеоны, цы ран се 'нусон бынат ссардтой Хуссар Ирыстоны номдзыд адӕм.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/07/17013010_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_889fc80dcb7347fa15ea073d3d91c923.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстоны адӕмон артист, цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист, режиссер Харебаты Федорӕн.
Фыдохы митинг ацыд, цы бирӕуӕладзыгон хӕдзары цард Мамсырайы фырты уынгыл, уый кӕрты.
Зынгӕ культурон архайӕджы йе 'нусон бынатмӕ афӕндараст кӕнынмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы разамынад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй. Стӕй ма сфӕлдыстадон ӕмӕ зонадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, йӕ бинойнаг Битарты Зояйы коллегӕтӕ. Йӕ дадайы афӕндараст кӕнынмӕ Санкт-Петербургӕй ӕрцыд йӕ иунӕг чызджы чызг дӕр.
Фыдохы митинг йӕ разныхасӕй бакодта бинонты сыхаг, литературӕзонӕг Плиты Сергей.
"Федор уыд сабитимӕ сывӕллон, хистӕртӕн - зондамонӕг", - загъта уый.
Адӕмон артисты зианы организаци ӕмӕ хӕрдзтӕ йӕхимӕ райста паддзахад, уый фӕдыл скодтой сӕрмагонд къамис.
Харебаты Федоры хӕлар, ХИПУ ирон литературӕйы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг Плиты Гацыр йӕ раныхасы банысан кодта, ныры дуг кӕй хӕссы бирӕ зиӕнттӕ.
"Уый цъус нӕ рацард, фӕлӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Йӕ мӕлӕт канд йе 'мкъай Битарты Зояйы ӕмӕ театры зиан нӕу, фӕлӕ ӕгас Ирыстоны", - банысан кодта Плиты Гацыр.
Уый базонгӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджыты адӕмон артисты цардвӕндагимӕ. Райгуырд Харебаты Федор Знауыры районы Исахъы хъӕуы. Стыр бинонтӕ, цы ран хъомыл кодтой 9 сывӕллоны, цардагур ацыдысты Тбилисмӕ. Уым каст фӕцис астӕуккаг скъола, уый фӕстӕ йӕ царды уыд ХИПИ ӕмӕ МХАТ. 1961 азӕй фӕстӕмӕ та артист йӕ цард ӕнгом сбаста театримӕ.
"Бузныг дын, кӕй нын уыдтӕ. Дӕ актёрон хъазт ӕмӕ режиссерон куыст уый бӕрц рӕстӕг уыдысты театры фидынц. Бузныг дын мӕхицӕй дӕр, кӕй мӕ рахизын кодтай сценӕмӕ. Ацы сезон театрыл ӕрцыд бирӕ зиӕнттӕ. Мах уӕ иууылдӕр мысдзыстӕм",- загъта театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Хуссар Ирыстоны адӕмон артист Харебаты Федоры бавӕрдтой Национ пантеоны, цы ран се 'нусон бынат ссардтой Хуссар Ирыстоны номдзыд адӕм.