https://sputnik-ossetia.com/20220607/mskuyyy-atsyd-iron-fysdzhyty-chinydzhy-prezentatsi-17015532.html
Мæскуыйы ацыд ирон фысджыты чиныджы презентаци
Мæскуыйы ацыд ирон фысджыты чиныджы презентаци
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Уæрæсейы столицæйы ацыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны прозæйы фысджыты æмбырдгонд "Здесь были"-йы презентаци, хъусын кæны Мæскуыйы ирон... 07.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-07T16:24+0300
2022-06-07T16:24+0300
2022-06-07T16:24+0300
хуссар ирыстоны
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/07/17011521_0:0:2561:1441_1920x0_80_0_0_99f98f1437e7952719f4ad23e0739048.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Уæрæсейы столицæйы ацыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны прозæйы фысджыты æмбырдгонд "Здесь были"-йы презентаци, хъусын кæны Мæскуыйы ирон æхсæнады пресс-службæ.Мæскуыйы ирон æхсæнады мадзалы хайад райстой РЦИ-Аланийы мыхуыр æмæ массон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Габалты Мæдинæ, сывæллæтты литературон-сфæлдыстадон журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор Салбиты Диана, æмбырдгонд "Здесь были"-йы фысджытæ Тадтаты Тамерлан, Булкъаты Игорь æмæ Гобаты Георгий.Æмбырдгонды автортæй иу, фыссæг æмæ литературон журнал "Дарьял"-ы сæйраг редактор Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Ирыстоны 15 хуыздæр фыссæг прозаикы æвзæрстой æртæ азы дæргъы.Æмбырдгондмæ бацыдысты Булкъаты Игорь, Гобаты Георгий, Тадтаты Тамерлан, Бекуырты Руслан, Кира Круглова, Бугулты Денис, Габуты Азæмæт, Бицойты Борис, Виктор Чигир, Хуыгаты Ирлан, Хасанты Резван, Станислав Харин, Дзирайты Дина, Цхуырбаты Алан æмæ Черчесты Аланы уацмыстæ.Уый ма бахахх кодта, 15 ирон нывгæнæджы кæй сарæзтой иллюстрацитæ алкæцы радзырдмæ дæр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/07/17011521_116:0:2037:1441_1920x0_80_0_0_cd7ea9a46197ae15b81112ed8b6751f1.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Уæрæсейы столицæйы ацыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны прозæйы фысджыты æмбырдгонд "Здесь были"-йы презентаци, хъусын кæны Мæскуыйы ирон æхсæнады пресс-службæ.
Мæскуыйы ирон æхсæнады мадзалы хайад райстой РЦИ-Аланийы мыхуыр æмæ массон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Габалты Мæдинæ, сывæллæтты литературон-сфæлдыстадон журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор Салбиты Диана, æмбырдгонд "Здесь были"-йы фысджытæ Тадтаты Тамерлан, Булкъаты Игорь æмæ Гобаты Георгий.
Æмбырдгонды автортæй иу, фыссæг æмæ литературон журнал "Дарьял"-ы сæйраг редактор Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Ирыстоны 15 хуыздæр фыссæг прозаикы æвзæрстой æртæ азы дæргъы.
Æмбырдгондмæ бацыдысты Булкъаты Игорь, Гобаты Георгий, Тадтаты Тамерлан, Бекуырты Руслан, Кира Круглова, Бугулты Денис, Габуты Азæмæт, Бицойты Борис, Виктор Чигир, Хуыгаты Ирлан, Хасанты Резван, Станислав Харин, Дзирайты Дина, Цхуырбаты Алан æмæ Черчесты Аланы уацмыстæ.
"Æз авторты æвзæрстон се ‘сгуытдзинæдтæм гæсгæ нæ, фæлæ сæ уацмысты актуалондзинадмæ гæсгæ. Уый тыххæй ам ис номдзыд автортæ, куыд Черчесты Алан, æмæ йæ фарсмæ чызджы уацмыс, кæцы йын у йæ фыццаг æмæ иунæг", - загъта Цхуырбаты Алан.
Уый ма бахахх кодта, 15 ирон нывгæнæджы кæй сарæзтой иллюстрацитæ алкæцы радзырдмæ дæр.