Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры хуыздӕр хъӕбысхӕцджыты сбӕрӕг кодтой турниры Дзауы

© Sputnik / Фатима ПлиеваУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыд Советон цӕдисы хъайтар Хъоцыты Къостайы IV-ӕм номарӕн турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, фехъусын кодта Sputnik районы спорты хайады хистӕр Джиоты Алик.
"Ацы комӕй рацӕугӕ номдзыд хӕстоны номыл турнир мах скодтам ӕрвылазон. Ӕрӕмбырд сты, Хуссар Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй цы секцитӕ ис, уыдоны минӕвӕрттӕ ӕмӕ ма ӕртӕ командӕ та ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстонӕй - Дзӕуыджыхъӕуӕй, горӕтгӕрон район ӕмӕ Заводскоййӕ", - загъта уый.
Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, уӕлахидзаутӕ рабӕрӕг сты 17 уӕзы категорийы.
"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ, иууыл фылдӕр майдантӕ ахастой Мӕскуыйаг микрорайоны уӕвӕг уӕгъдибар хъӕбысхӕсты скъолайы командӕ. Дыккаг уыдысты Спорты скъола ӕмӕ ӕртыккаг бынатыл та ацыд Дзӕуджыхъӕуы къорд", - радзырдта Джиоты Алик.
Ерысты архайдта 2006-2007 ӕзты гуырд спортсментӕ, ӕдӕппӕтӕй 160 богалы.
Ног хабӕртты лентӕ
0