Хуссар Ирмæ æнхъæлмæ кæсынц æртæ улæфт боны Уæрæсейы боны фæдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ир
Хуссар Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ баулæфдзысты æртæ боны, 11-æй 13-æм июньмæ, Уæрæсейы боны фæдыл.
Республикæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, 12 июны улæфт бон ацы аз хауы хуыцаубонмæ, уый фæдыл къуырисæр дæр уыдзæн улæфт бон.
Уæрæсейы бон æрвылаз нысан кæнынц 12 июны. Ацы бон 1990 азы райстæуыд Уæрæсейы паддзахадон суверенитеты фæдыл Деклараци. Майы 1991 азы Уæрæсейы Уæлдæр совет расидт 12 июны æнæкусæгон бон. Ноджы иу азы фæстæ – 1992 азы июны – ацы бон банымадтой бæрæгбоныл. Уæрæсейы Фæллйады Кодекс йæ тыхы куы бацыд (2002 азы), уæд бæрæгбонæн радтой официалон ном "Уæрæсейы бон".
Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы бон нысан кæнынц 2005 азæй фæстæмæ куыд паддзахадон бæрæгбон æмæ у улæфт бон.
Ног хабӕртты лентӕ
0