Хуссар Иры социалон службӕтӕ ӕххуыс кӕнынц сӕдӕгай карджын адӕмӕн

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæСоциалон центр
Социалон центр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны социалон службӕты хъусдарды бын ис 500 адӕймаджы, сӕ фылдӕр сты иунӕг карджын адӕм, фехъусын кодта Sputnik Социалон ӕххуысы центры хистӕр Джиоты Зӕринӕ.
Социалон службӕты кусджытӕ ӕртыццӕджы, 8 июны, нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.
"Социалон кусджытӕ къуыри дыууӕ хатты хӕдзӕртты бабӕрӕг кӕнынц иунӕг адӕмы, кӕцытӕ сты 70 азы карӕй уӕлӕмӕ. Фӕкӕсынц сӕм, бахӕссынц сын хӕлцадон продукттӕ, хостӕ. Ӕдӕппӕт хъусдарды бын ис 500 адӕймаджы", - радзырдта Джиоты Зӕринӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иунӕг адӕммӕ барвӕндӕй сӕхӕдӕг кӕсынц сыхӕгтӕ дӕр.
"Не 'хсӕнады адӕм сӕ сыхӕuты ӕнӕхъусдард нӕ уадзынц, уыдон дӕр сӕм хорз кӕсынц", - бафиппайдта центры хистӕр.
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Уӕ бӕрны ис адӕймаджы хъысмӕт: президент раарфӕ кодта Хуссар Иры соцслужбӕты кусджытӕн
Зӕринӕ куыд банысан кодта, афтӕмӕй ма ахӕм хъусдардӕй дарддӕр тыхст адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынц финансон ӕххуыс дӕр.
"Паддзахад нын рахицӕн кӕны финансон фӕрӕзтӕ ӕмӕ сӕ байуарӕм ӕххуысхъуаг карджын адӕмӕн, кӕцытӕн сӕ пенси у фӕцӕрыны минимумӕй къаддӕрӕй", - загъта уый.
Джиоты Зӕринӕ ацы фадыджы кусы 2011 азӕй фӕстӕмӕ, 2020 азы та уый слӕууыд социалон ӕххуысы центры сӕргъ.
Ног хабӕртты лентӕ
0