Санахъоты Руслан: Хуссар Иры донуӕтты найæн бынæттæн сæ фылдæр сты "хъæддаг"

Санахъоты Руслан: республикæйы найæн бынæттæн сæ фылдæр сты "хъæддаг"
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон Уавæрты æмæ Мидхъуыддæгты министрӕдтӕ уадзынц иумæйаг рейдтæ республикæйы доны объектты. Цавæр фæтк хъæуы хъахъхъæнын æрдзы хъæбысы, донбылгæрæтты улæфыны рæстæджы, уый тыххæй Sputnik бæстонæй радзырдта УУМ сæргълæууæджы хæдивæг Санахъоты Руслан.
"Цыппар азы размæ дæр ауагътам МХМ-имæ иумæйаг рейдтæ. Ныр дæр уыдоны инициативæмæ гæсгæ ауаддзыстæм сгарæн мадзæлттæ Республикæйы æппæты тæссагдæр доны объектты", - радзырдта Санахъоты Руслан.
Уый ма бафæдзæхста æмбæстæгты æмæ улæфынмæ чи цæуы, уыдоны, цæмæй хи æдасдзинады фæтктæ хъахъхъæной, афтæ ма адæймаг фæллад, кæнæ нозтджын куы уа, уæд йæхи доны найынæй хъуамæ бахиза, уымæн æмæ уый фæстиуæгæн гæнæн ис æмæ стыр зиан æрцæуа.
"Уазал донмæ æвипайды ныххизæн нæй тæвд уæлдæфæй. Хъуамæ уал чысыл рæстæгмæ ныххизай доны, цæмæй буар æрцахуыр уа æмæ уый фæстæ æнæхъæнæй ныххизай", - бауынаффæ кодта эксперт.
Куыд бахахх кодта Санахъоты Руслан, афтæмæй цыдæриддæр найæн бынæттæ ис, уыдонæн сæ фылдæр сты "хъæддаг", æмæ дзы хъахъхъæнæн пункт нæй.
Ноджы ма уый æрсидт республикæйы улæфæн бынæттæ кæмæн ис, уæлдайдæр найæн бынæттимæ, уыцы ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй сифтонг кæной сæ доны объектты адæймаджы æдасдзинад бахъахъхъæныны фæрæзтæй, æмæ хъуамæ зоной дзуапп кæй дæттынц адæмы царды тыххæй.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0