Запорожаг областы ацӕудзӕн референдум Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæМелитополь
Мелитополь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июн – Sputnik. Запорожаг областы ацы аз ацӕудзӕн референдум Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта областы ӕфсӕддон-ӕмбӕстагон администрацийы советы уӕнг Владимир Рогов.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсӕ, ӕмбӕлон скъуыддзаг ныридӕгӕн ӕрцыд ист, райдыдтой референдуммӕ цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ, кӕцытӕ аххӕсдзысты цалдӕр мӕйы.
"Райстам иумӕйаг скъуыддзаг Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл референдуммӕ райдайын цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ. Референдум ацӕудзӕн ацы аз. Цӕттӕкӕнынад аххӕсдзӕн цалдӕр мӕйыл. Референдумы фарсты формулировкӕ фехъусын кӕндзыстӕм ӕввахс рӕстӕджыты. Цӕрджыты фылдӕры фӕнды фӕстӕмӕ стыр Уӕрӕсейы скондмӕ ӕрбаздӕхын", - загъта Рогов РИА Новости.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, цас раздӕр ацӕуа референдум, уыййас хуыздӕр уыдзӕн регион ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн.
"Цас раздӕр суӕм Уӕрӕсейы хай, уас тагъддӕр дӕм ӕрнывыл уыдзӕн цард. Уӕрӕсе - фадӕтты бӕстӕ", - бахахх кодта Рогов.
Донецк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2022
Украинæйы æфсад æхсы Донецк америкæйаг хæцæнгарзæй – Пушилин
Сӕрмагонд операцийы фӕлгӕтты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ райстой сӕ дӕлбар Херсоны область ӕмӕ Запорожаг областы азовгӕрон хай Украинӕйы скӕсӕнварс. Регионты арӕзт ӕрцыдысты ӕфсӕддон-ӕмбӕстагон администрацитӕ, райдыдтой сӕм ӕвдисын уӕрӕсейаг телеканалтӕ ӕмӕ радиостанцтӕ, ӕндидзын кӕнынц базарадон бастдзинӕдтӕ Хъырымимӕ. Ссӕрибаргонд областты нывӕзты ис УФ субъекттӕ суӕвын.
Ног хабӕртты лентӕ
0