Донецкы Адæмон Республикæйы райдыдтой тохтæ Славянскыл

© PhotoСлавянск
Славянск  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik. Донецкы Адæмон Республикæйы (ДАР) Гарзджын тыхтæ райдыдтой тохтæ украинæйаг æфсадимæ Славянск горæт бацахсыныл. Уый тыххæй хъусын кæны ДАР территориалон хъахъхъæнынады штаб.
"Ныртæккæ нæ бæрны ис 231 цæрæн пункты, сæ нымæцы Святогорск æмæ Татьяновка. Цæуынц тохтæ Славянскыл", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы сæ Telegram-каналы.
Афтæ ма штабы хъусын кæнынц, украинæйаг æфсæддонтæ кæй нæ уадзынц сабыр цæрджыты, цæмæй уыдон фæрцы æмбæхсой, афтæмæй ма æфсæддонты хай фæнд кæны алидзын регионæй æмæ уый фæдыл бахизынц локалон тохты се ‘мкусджытимæ.
Славянск у горæт ДАР цæгаттаг хайы, кæцыйы цæры 100 мин адæймаджы. Ам ис теплоэлектростанци æмæ цалдæр сæудæджерадон куыстуаты. 2014 азы Славянскы райдыдтой фыццаг тохтæ Донецкы Адæмон Республикæ æмæ украинæйаг æфсæддонты хсæн. 2014 июлы райдайæны горæт бацахстой Украинæйаг æфсæддонтæ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0