Путины сӕрмагонд минӕвар загъта, дуне глобализацийӕ кӕй хизы "островизаци"-мӕ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæ Цифрӕйон райрӕзты фарстыты фӕдыл УФ президенты сӕрмагонд минӕвар Дмитрий Песков
 Цифрӕйон райрӕзты фарстыты фӕдыл УФ президенты сӕрмагонд минӕвар Дмитрий Песков - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik. Ӕввахс ӕзты дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы глобализмы аиуварс ӕмӕ "островизаци", Уӕрӕсейӕн та ахӕм уавӕрты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у технологион суверенитет райсын. Уый тыххӕй фехъусын кодта цифрӕйон райрӕзты фарстыты фӕдыл УФ президенты сӕрмагонд минӕвар Дмитрий Песков, хъусын кӕны РИА Новости.
"Иууыл уырнинагдӕр сценарий ӕввахс ӕзты - "островизаци". Дызӕрдыггаг нал у - ӕрцӕудзӕн глобализмы куынӕг ӕмӕ XX ӕнусы ӕдасдзинады глобалон системӕйы фӕуд. Глобалон технологион базарты рацарӕзт, техстандартты назионализаци, критикон базайрӕгты рауагъдады релокализаци. Ома бӕстӕты, егъау тэхноэкономикон блокты иууылдӕр бафӕнддзӕн уадзын хӕрд, хостӕ ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ сӕ территорийыл. Уый цӕуы ацы тӕккӕ дӕр", - ныффыста Песков йӕ колонкӕйы РБК-йӕн.
Уый ма ноджыдӕр банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕввахс дӕс азы дӕргъы Уӕсейы бахъӕудзӕн срӕвдз кӕнын "технологион сиверенитет" куыд хисӕрмагод "Сакъадах" саразыны сценарийы хай. Уый ӕнхъӕлмӕ кӕцы АИШ ӕмӕ Китаймӕ дӕр.
УФ Федерацийы Советы ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Владимир Джабаров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2022
"Путин ӕнӕхъуаджы никуы дзуры". Уӕрӕсейаг сенатор АИШ-ы нысӕнттӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы позицитыл
Ног хабӕртты лентӕ
0