Хуссар Иры расидтысты конкурс горӕт Цхинвалы гимны фӕдыл

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зассеты Жанна фехъусын кодта горӕт Цхинвалы гимны фӕдыл конкурсы расидты тыххӕй.
Ацы аз Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕтбанысан кодта йӕ юбилей - йӕ бындурӕвӕрдӕй абоны онг рацыд 1760 азы.
"Ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыд конкурс расидыны рӕстӕг зарӕджы тыххӕй, кӕцы хъуамӕ суа горӕт Цхинвалы формалон ӕмӕ ӕнӕформалон гимн", - загъта Зассеты Жанна.
Фидӕны номхыгъдмӕ фыццаг хаст ӕрцыд Лалыты Альберты патриотикон зарӕг "Ирон".
Ног хабӕртты лентӕ
0