Транскам байгом фӕндагон змӕлдӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik. Фӕндагон службӕтӕ расыгъдӕг кодтой Транскавказаг автомагистраль, трассӕйыл сног ис фӕндагон змӕлд, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службӕ.

"Транскамыл фӕндагон змӕлд автотраспорты алы хуызӕн дӕр байгом ис 13.00 сахатыл", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Транскам сӕхгӕдтой цыппӕрӕмы изӕрӕй дуркӕлдтыты ӕмӕ цыфы зӕйтӕ рацӕуынӕй тӕссагдзинады тыххӕй.
Транскам у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕсеимӕ. Трассӕйы дӕргъ у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0