"Уӕрӕсе Хуссар Иры сабиты цӕстӕнгасӕй": Цхинвалы ацӕудзӕн сывӕллӕтты нывты конкурс

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæСывӕллоны ныв
Сывӕллоны ныв - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы, Анахарсисы номыл паддзахадон библиотекӕйы ацӕудзӕн сывӕллӕтты нывты конкурс. Мадзал райдайдзӕн 11 июны 11.00 сахатыл, фехъусын кодта Sputnik Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты цӕдисы фӕсивӕдон къабазы сӕргълӕууӕг Харебаты Марта.
"Конкурс уадзы Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты цӕдис Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы ӕххуысӕй. Хайад дзы исынц уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты сывӕллӕттӕ, Цхинвалы нывгӕнӕн скъола ӕмӕ Аивӕдты лицейы ахуырдзаутӕ", - бамбарын кодта Харебаты Марта.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, конкурс уагъд цӕуы ӕрвылаз дӕр ӕмӕ йӕ хайадисджыты нымӕц азӕй азмӕ фылдӕр кӕны.
Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2022
Хуссар Иры нысан кæнынц Уæрæсейы бон
"Конкурсы фӕлгӕтты сывӕллӕттӕ нынныв кӕндзысты Уӕрӕсейы, куыд ӕй уынынц, афтӕ. Уыдон хорзӕхджын ӕрцӕудзысты грамотӕ ӕмӕ призтӕй, афтӕ ма уӕлахиздзауы дипломтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй", - загъта Цӕдисы фӕсивӕдон къабазы сӕргълӕууӕг.
Харебаты Марта ма бафтыдта, зӕгъгӕ, скъуыддзаг цӕудзӕн мадзалы фӕстӕ конкурсон куыстыты равдыст бакӕныны фарст дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0