Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ракетӕтӕй фехстой Днепры аэродром

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæБыдырон аэродром
Быдырон аэродром  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik. Иттӕг дырыс ракетӕтӕй Днепры ӕфсӕддон аэродромы куынӕг ӕрцыд Украинӕйы уӕлдӕфон тыхты авиацион техникӕ. Уый тыххӕй майрӕмбоны журналисттӕн фехъусын кодта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-майор Игорь Конашенков.
Афтӕ ма Харьковы районы куынӕг ӕрцыд УГТ ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ срӕвдз кӕныны уагдон.
Уымӕй дарддӕр, фехъусын кодта хъахъхъӕнынадон уагдоны минӕвар, иттӕг дырыс ракетӕтӕй ныццавтой: дыууӕ фӕткдаруатон пункты, удӕгас тыхтӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы ӕмбырды 27 районы, афтӕ ма ракетон-артиллерион хӕцӕнгӕрзты ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты фондз фӕстауӕрцы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 195 хӕдтӕхӕджы, 130 вертолеты, 1168 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 336 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3484 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 499 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1843 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3528 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0