https://sputnik-ossetia.com/20220611/tsy-ran-is-fsonrkhg-m-tsy-nysan-kny--17053019.html
Цы ран ис фæсонæрхæг æмæ цы нысан кæны?
Цы ран ис фæсонæрхæг æмæ цы нысан кæны?
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы дзырдбаст не ‘взаджы тынг цардхъом у, арæх дзы пайда кæнæм, æмæ йын йæ мидис чи не ʻмбары, ахæм ирон адæймаг, æвæццæгæн, нæ разындзæн. Фæлæ дзырдбаст цæмæн... 11.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-11T11:28+0300
2022-06-11T11:28+0300
2022-06-11T11:28+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/09/17052843_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_163a7e2880bc4d55055155f17d86e88b.png
Цы ран ис фæсонæрхæг æмæ цы нысан кæны?
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цы ран ис фæсонæрхæг æмæ цы нысан кæны?
Ацы дзырдбаст не ‘взаджы тынг цардхъом у, арæх дзы пайда кæнæм, æмæ йын йæ мидис чи не ʻмбары, ахæм ирон адæймаг, æвæццæгæн, нæ разындзæн. Фæлæ дзырдбаст цæмæн æмæ цы хуызы равзæрд? Филологон зонæдты доктор Гæбæраты Никъала ныммыхуыр кодта сæрмагонд уац "Йæ фæсонæрхæджы дæр нæй". Ахуыргонд бацархайдта ацы дзырдбасты равзæрды гуырæн бацагурыныл. Иртасæджы размæ сыстад фыццаг фарст: цы амоны дзырд фæсонæрхæг? Бирæ æрмæджытæ æрхаста ахуыргонд, фæлæ, æнхъæлдæн, фаг уырнинаг нæ рауад йæ фыццаг хатдзæг: "...фæсонæрхæг хъуамæ амыдтаид, дыууæ оны астæу цы æлхынцъ ис, цы дзыхъхъ ис, уый".Рæдыд хъуыдыйыл æмбæлæм "ирон-уырыссаг дзырдуаты" дæр: "фæсонæрхæг – углубление между лопатками".Ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, дыууæ оны астæу цы дзыхъхъау ис, уый у адæймаджы буары æппæты дарддæр ран æмæ уый бындурыл аразы ахæм йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, зæгъгæ, уæд уый нысан кæны афтæ, æмæ исты хъуыды адæймагæн йæ сæры нæ, фæлæ, æгæрыстæмæй, йæ онты астæу цы иппæрд дзыхъхъ ис, уыцы "дард" æмæ зынбафтæн бынаты дæр нæй".Æндæр ныхæстæй дзургæйæ, йæ оны кæройнаг хайы æдде дæр нæ уыд цавæрдæр фæнд, кæнæ хъуыды. Фæлæ ацы даргъ ныхæстæ фыдæлтæ дзырдтой цыбырæй: "Йæ фæсонæрхæджы дæр нæй".Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.Бæтондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/09/17052843_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_8aaaaf777e573623f567a936843ff6c1.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Ацы дзырдбаст не ‘взаджы тынг цардхъом у, арæх дзы пайда кæнæм, æмæ йын йæ мидис чи не ʻмбары, ахæм ирон адæймаг, æвæццæгæн, нæ разындзæн. Фæлæ дзырдбаст цæмæн æмæ цы хуызы равзæрд?
Филологон зонæдты доктор Гæбæраты Никъала ныммыхуыр кодта сæрмагонд уац "Йæ фæсонæрхæджы дæр нæй". Ахуыргонд бацархайдта ацы дзырдбасты равзæрды гуырæн бацагурыныл. Иртасæджы размæ сыстад фыццаг фарст: цы амоны дзырд фæсонæрхæг? Бирæ æрмæджытæ æрхаста ахуыргонд, фæлæ, æнхъæлдæн, фаг уырнинаг нæ рауад йæ фыццаг хатдзæг: "...фæсонæрхæг хъуамæ амыдтаид, дыууæ оны астæу цы æлхынцъ ис, цы дзыхъхъ ис, уый".
Рæдыд хъуыдыйыл æмбæлæм "ирон-уырыссаг дзырдуаты" дæр: "фæсонæрхæг – углубление между лопатками".
Ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, дыууæ оны астæу цы дзыхъхъау ис, уый у адæймаджы буары æппæты дарддæр ран æмæ уый бындурыл аразы ахæм йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, зæгъгæ, уæд уый нысан кæны афтæ, æмæ исты хъуыды адæймагæн йæ сæры нæ, фæлæ, æгæрыстæмæй, йæ онты астæу цы иппæрд дзыхъхъ ис, уыцы "дард" æмæ зынбафтæн бынаты дæр нæй".
Æндæр ныхæстæй дзургæйæ, йæ оны кæройнаг хайы æдде дæр нæ уыд цавæрдæр фæнд, кæнæ хъуыды. Фæлæ ацы даргъ ныхæстæ фыдæлтæ дзырдтой цыбырæй: "Йæ фæсонæрхæджы дæр нæй".
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæтондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.