https://sputnik-ossetia.com/20220612/kad-tsyt-nom-m-arg-kuyd-khuy-irtasyn-krdziy-atsy-dzyrdt-17015972.html
Кад, цыт, ном æмæ аргъ: куыд хъæуы иртасын кæрæдзийæ ацы дзырдтæ
Кад, цыт, ном æмæ аргъ: куыд хъæуы иртасын кæрæдзийæ ацы дзырдтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Кад æмæ цыт кæд хæрз æввахс дзырдтæ сты, уæддæр, бынтон æмгъуызон не сты. Цыт кодтой хуыцæуттæн, стæм адæймæгтæн, сгуыхтæн. 12.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-12T10:50+0300
2022-06-12T10:50+0300
2022-06-12T10:50+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/07/17015803_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_cf3676a00ffc81db22565f2c00c1e1d9.png
Кад, цыт, ном æмæ аргъ куыд хъæуы иртасын кæрæдзийæ ацы дзырдтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Кад, цыт, ном æмæ аргъ куыд хъæуы иртасын кæрæдзийæ ацы дзырдтæ
Кад æмæ цыт кæд хæрз æввахс дзырдтæ сты, уæддæр, бынтон æмгъуызон не сты. Цыт кодтой хуыцæуттæн, стæм адæймæгтæн, сгуыхтæн.Цыт кæддæриддæр стыр вæййы, уымæ гæсгæ цыт райст-бавæрд дзырд у: арæх æй нæ дзурынц, райсынц æй æрмæст стырбонты, стæй та йæ бавæрынц иннæ стыр бонмæ.Кад та хуымæтæгдæр у, æрвылбонон дзырд у. Кад кæнынц хуыцæуттæн дæр, адæймæгтæн дæр, цæмæндæриддæр, куы бæзза, уæд. Зæгъæм, нозт æмæ хæринагæн дæр.Зæгъæн ис: нæ фыдæлтæм бæгæны кадджын уыд. Æмæ ам кадджын уыдзæн йæ тæккæ раны. Уымæн фæзæгъынц: адæймагæн цы уа, уый æгад у. Ома цыдæриддæр уæд, стыр зынаргъ истæмæй суанг зæронд æрчъийы онг. Ис бафæрсæн: исты кад ын скодтой? Æмæ дзуапп: афтæ, æнæбары. Амыты цыт никуы фидауы.Кад æмæ цыты рагон бындур ахæм диссаг разынд, æмæ дзы сырæзт бирæ алыгъуызон æндæр дзырдтæ дæр: кой, æвджид, кадæг, æгад, цытджын, æдзыт æмæ бирæ æндæтæ.Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/07/17015803_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_c9517dacd1f6b5e4643f9354767a86db.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Кад æмæ цыт кæд хæрз æввахс дзырдтæ сты, уæддæр, бынтон æмгъуызон не сты. Цыт кодтой хуыцæуттæн, стæм адæймæгтæн, сгуыхтæн.
Цыт кæддæриддæр стыр вæййы, уымæ гæсгæ цыт райст-бавæрд дзырд у: арæх æй нæ дзурынц, райсынц æй æрмæст стырбонты, стæй та йæ бавæрынц иннæ стыр бонмæ.
Кад та хуымæтæгдæр у, æрвылбонон дзырд у. Кад кæнынц хуыцæуттæн дæр, адæймæгтæн дæр, цæмæндæриддæр, куы бæзза, уæд. Зæгъæм, нозт æмæ хæринагæн дæр.
Зæгъæн ис: нæ фыдæлтæм бæгæны кадджын уыд. Æмæ ам кадджын уыдзæн йæ тæккæ раны. Уымæн фæзæгъынц: адæймагæн цы уа, уый æгад у. Ома цыдæриддæр уæд, стыр зынаргъ истæмæй суанг зæронд æрчъийы онг. Ис бафæрсæн: исты кад ын скодтой? Æмæ дзуапп: афтæ, æнæбары. Амыты цыт никуы фидауы.
Кад æмæ цыты рагон бындур ахæм диссаг разынд, æмæ дзы сырæзт бирæ алыгъуызон æндæр дзырдтæ дæр: кой, æвджид, кадæг, æгад, цытджын, æдзыт æмæ бирæ æндæтæ.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.