Дам-думтæ ирон æвзаджы

Дам-думтæ ирон æвзаджы
Рафыссын
Ирон æвзаджы кæцыдæр дзырдтæн цыма кæмдæр нæхæдæг лæгъстиаджы хуызæн фæвæййæм: æнæ ацы "дам" бирæ хатт нæ ныхас зæгъын дæр нæ фæкомы. Цæвиттонæн Нафимæ: "Лæппу йæхæдæг дæр фервæссыд йæхиуыл... Нал, дам, мæ фæнды ацы хæхты цъассы цæрын, дард бæстæм, хъæздыг адæм, дам, кæм цæрынц, уырдæм, дам, хъуамæ фæцæуон, уым, дам, мын фылдæр кад уыдзæн". Ам дамтæн уаид акалæн, акалæн вæййы цæмæндæриддæр, фæлæ уымæй нæ ныхас аивдæр æмæ рогдæр нæ рауайдзæн.
Ис ма йын æндæр нысаниуджытæ. Куыд номдар, афтæ "дам" амоны: искæй æнæгъдау, искæй худинаджы хъуыддæгтыл сусæг сусу-бусу ныхæстæ. "Цыдæр дамтæ дзы дзурынц", ис ма нæм "дамдзыд", "дам-дум". Цымыдисаг у дам-думты хъуыддаг: искæй хъусы сусæгæй цы бацæгъдай, уымæн цыма фылдæр уæз ис. Дуне адæм хъæрæй цы дзурынц, уый никæй цымыдис кæны, кæд стыр хабар у, уæддæр.
Уæлдай бæллæх вæййынц, бæрнон кусæгыл цы æрымысгæ дам-думтæ хæлиу кæнынц, уыдон. Ахæм дамдумтæ адæмы иумæйаг царды ныхмæ сты.
Ницы уыйбæрц дзырдтæ сты, дам, дамтæ, дам-думтæ, фæлæ кæдæмыты æнхъæвзынц! Цымыдисон сты нæ дзырдтæ. Кæцыфæндымæ дзы лыстæг куы ‘ркæсай, уæд разынынц сæ алыгъуызондзинæдтæ, сæ дардыл фæзилæнтæ.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0