Киргизи æмæ Таджикистаны арæныл æрцыд кæрæдзи æхст

© Sputnik / Игорь Егоров /  Ахизын медиабанкмæКиргизи æмæ Таджикистаны арæн
Киргизи æмæ Таджикистаны арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Киргизи æмæ Таджикистаны паддзахадон арæны фадыгыл райсом раджы æрцыд кæрæдзи æхст, хъусын кæны РИА Новости киргизаг арæнгæрон службæйыл æнцойгæнгæйæ.
Уагдоны банысан кодтой, уавæры эскалаци ма руадзын æмæ цауы æууæлтæ сбæлвырд кæныны нысанæн ацыд Бишкек æмæ Душанбейы минæвæртты фембæлд.
"Киргизаг Республикæйы Арæнгæрон службæ исы æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ уавæры стабилизацийæн", - бахахх кодтой уагдоны.
Киргизи æмæ Таджикистаны арæныл арæх æрцæуы конфликттæ бынæттон цæрджытæ æмæ дыууæ бæстæйы арæнхъахъхъæнджыты хсæн. Уый аххосаг у æнæделимитацигонд фадгуытæ, цы ран нæй гæнæн сбæрæг кæнын, кæуылты цæуы арæн паддзахæдты хсæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0