Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Згъубир

Ирыстоны алӕмӕттаг къуымтӕ. Згъубир
Рафыссын
Стыр Леуахийы комы 1600 метры бæрзæнды денджызы æмвæзæй ис диссаджы хæххон рæсугъд хъæу – Згъубир. Историон ратæдзæнты бæрæггæнæнтæм гæсгæ Згъубир иронау нысан кæны гæрстытимæ фидар. Комæн йæхи хонынц Цъалагом, уый хауы альпиаг зонæмæ æмæ уый тыххæй йæ æрдз у рæсугъд.
Кæддæр ацы хъæуы цард гуылфӕнтӕ кодта бирæ цæрджытæй, æмæ дих кодта цалæр хайыл: Саулохты хъæу, Хæныкъаты хъæу, Цæгаты хъæу æмæ Хъæууат.
Згъубиры цæрджытæ, хæххон адæммæ куыд æмбæлы, афтӕ фос дардтой æмæ цыхт ахстой, сæ хуымты тыдтой зæтхæ, цъой æмæ халсартæ, уыдис сын дыргъдæттæ дæр. Сæрды-иу хъæды уыгътой гагадыргътæ æмæ хосгæнæн кæрдæджытæ. Уымæ гæсгæ дзы чи цард, уыдон уыдысты æнæниз æмæ кустуарзаг адæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0