Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн ис фадат УФ 17 ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндонмӕ бацӕуынӕн

© МО РЮОХуссарирыстойнаг абитуриенттӕ
Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн 20 июнӕй райдайдзысты бацӕуӕн фӕлварӕнтӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты нысанон бынӕттӕм. Чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕн фадат ис бацӕуын хъахъхъӕнынадон уагдоны раззагондӕр 17 уӕлдӕр ахуыргӕнӕндонмӕ, хъусын кӕны майрӕмбоны РХИ хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Уагдон ӕрхаста уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты ӕххӕст номхыгъд, кӕцытӕ ацы аз цӕттӕ сты райсын абитуриентты Хуссар Ирыстонӕй:
1.
Михайловаг ӕфсӕддон артиллерион академи (Санкт-Петербург).
2.
Новосибирскаг уӕлдӕр ӕвсӕддон командон ахуыргӕнӕндон.
3.
Дардскӕсӕйнаг уӕлдӕр иумӕйагӕфсӕддон командон ахуыргӕнӕндон (Благовещенск).
4.
Мӕскуыйаг уӕлдӕр иумӕйагӕфсӕддон командон ордентӕ Жуковы, Ленины ӕмӕ Октябры Революцийы Сырхтырысайон ахуыргӕнӕндон.
5.
Материалон-техникон ифтонгады ӕфсӕддон академийы филиал (Пенза).
6.
Материалон-техникон ифтонгады ӕфсӕддон академийы филиал (Вольск).6.
7.
Бастдзинады ӕфсӕддон академи (Санкт-Петербург).
8.
Инӕлар В. Ф. Маргеловы номыл Рязайнаг гвардион уӕлдӕр ӕфсӕддон-десантон Суворовы ордены дыууӕхаттон Сырхтырысайон командон ахуыргӕнӕндон.
9.
Ӕфсӕддон-медицинон академи (Санкт-Петербург).
10.
УФ хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон университет (Мӕскуы).
11.
А. Ф. Можайскийы номыл ӕфсӕддон-космикон академи (Санкт-Петербург).
12.
УФ Гарзджын тыхты уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады ӕфсӕддон академи (Смоленск).
13.
Ӕфсӕддон-уӕлдӕфон тыхты ахуырадон-зонадон центры филиал "Военно-воздушная академия" (Сызрань).
14.
Физикон культурӕйы ӕфсӕддон институт (Санкт-Петербург).
15.
Инӕлар С. М. Штеменкойы номыл Краснодараг уӕлдӕр ӕфсӕддон Жуковы ӕмӕ Октябры Революцийы орденты Сырхтырысайон ахуыргӕнӕндон.
16.
Ӕфсӕддон-уӕлдӕфон тыхты ахуырадон-ӕфсӕддон центр "Военно-воздушная академия" (Воронеж).
17.
П. С. Нахимовы номыл Сауденджызон уӕлдӕр ӕфсӕддон-денджызон Сырх стъалыйы ордены ахуыргӕнӕндон (Севастополь).
Абитуриенттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕфсӕддон-медицинон къамис рацӕуын, психологон басгӕрст, нормативтӕ физикон цӕттӕдзинадӕй, афтӕ ма экзаментӕ равзаргӕ ахуыргӕнӕндоны профильмӕ гӕсгӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0