https://sputnik-ossetia.com/20220615/margity-irbeg-naturalist-professi-nau--uyy-tsardyuag-u--17144755.html
Мӕргъиты Ирбег: натуралист професси нӕу – уый цардыуаг у
Мӕргъиты Ирбег: натуралист професси нӕу – уый цардыуаг у
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртыццӕджы, 15 июны ӕвзонг натуралисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Станцы къухдариуӕггӕнӕг Мӕргъиты Ирбег радзырдта ацы уагдоны историйы тыххӕй. 15.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-15T18:11+0300
2022-06-15T18:11+0300
2022-06-15T18:11+0300
радио иронау
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/0f/17144600_0:0:3073:1728_1920x0_80_0_0_2a6f7aebe4551fa78a405f5d4b95a036.jpg
Мӕргъиты Ирбег: натуралист професси нӕу – уый цардыуаг у
Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕргъиты Ирбег: натуралист професси нӕу – уый цардыуаг у
Ӕртыццӕджы, 15 июны ӕвзонг натуралисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Станцы къухдариуӕггӕнӕг Мӕргъиты Ирбег радзырдта ацы уагдоны историйы тыххӕй."Нӕ областы 1957 азы сырӕзт Ӕвзонг натуралистты станц, бирӕ бынӕттӕ раивта, фылдӕр хатт сын нӕ уыд сӕрмагонд бӕстыхай. Ныртӕккӕ цы бӕстыхайы кусы станц, уым уӕвынад кӕны 1980 азӕй", - загъта Ирбег.Станцы къухдариуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Советон Цӕдисы натуралистты куыст ӕмӕ архайд уыд хъӕууон хӕдзарадӕн стыр пайда."Натуралисттӕ иу кодтой фӕлварӕн кустытӕ ӕмӕ уыцы фӕстиуджытӕ стӕй дӕттой колхозтӕм. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр зайӕгойты хицӕн хуызтӕй нӕ регионы чи хуыздӕр зайы", - бафиппайдта уый.Мӕргъиты Ирбег куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ, натуралистты куыст ахъаз кӕны, цӕмӕй сывӕллӕттӕ уарзой ӕмӕ аудой сӕ райгуырӕн бӕстӕйыл, ӕмӕ бахахх кодта, натуралист професси кӕй нӕу, фӕлӕ у цардыуаг.Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/0f/17144600_132:0:2861:2047_1920x0_80_0_0_379e382dd4b3582049ef96c5246d7a6f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
Мӕргъиты Ирбег: натуралист професси нӕу – уый цардыуаг у
Ӕртыццӕджы, 15 июны ӕвзонг натуралисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Станцы къухдариуӕггӕнӕг Мӕргъиты Ирбег радзырдта ацы уагдоны историйы тыххӕй.
"Нӕ областы 1957 азы сырӕзт Ӕвзонг натуралистты станц, бирӕ бынӕттӕ раивта, фылдӕр хатт сын нӕ уыд сӕрмагонд бӕстыхай. Ныртӕккӕ цы бӕстыхайы кусы станц, уым уӕвынад кӕны 1980 азӕй", - загъта Ирбег.
Станцы къухдариуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Советон Цӕдисы натуралистты куыст ӕмӕ архайд уыд хъӕууон хӕдзарадӕн стыр пайда.
"Натуралисттӕ иу кодтой фӕлварӕн кустытӕ ӕмӕ уыцы фӕстиуджытӕ стӕй дӕттой колхозтӕм. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр зайӕгойты хицӕн хуызтӕй нӕ регионы чи хуыздӕр зайы", - бафиппайдта уый.
Мӕргъиты Ирбег куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ, натуралистты куыст ахъаз кӕны, цӕмӕй сывӕллӕттӕ уарзой ӕмӕ аудой сӕ райгуырӕн бӕстӕйыл, ӕмӕ бахахх кодта, натуралист професси кӕй нӕу, фӕлӕ у цардыуаг.
Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.