Санкт-Петербурджы байгом æхсæнадæмон экономикон форум

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæПетербургаг æхсæнадæмон экономикон форум
Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Уæрæсейы æртыццæджы байгом юбилейон XXV Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форум – хайад дзы исынц 90 бæстæйæ фылдæры минæвæрттæ, сæ нымæцы Хуссар Ирыстон дæр, хъусын кæны РИА Новости.
Нысангонд æрцыд, форумы сæйраг темæ ацы аз уыдзæн ног дунейы фадæттæ агурын.
Форумы организатор Фонд "Росконгресс" куыд фехъусын кодта, афтæмæй Петурбургаг æхсæнадæмон экономикон форумы программæ дих у цыппар тематикон здæхтыл, кæцытæ хауынц глобалон æмæ уæрæсейаг экономикæйы фарстытæм, социалон æмæ технологион боны фæткмæ, адæймаджы потенциалы райрæзтмæ.
Форумы фæзуатыл ма нывæндынц ауадзын сесситæ, кæцытæ нывонд сты сфæлдыстадон индустритæ, спорт æмæ ахуырады райрæзтæн.
Форумы фæлгæтты ацæудзысты традицион æхсæнпаддзахадон бизнес-диалогтæ дæр Африкæ, Беларусь, Æввахс Скæсæн, Европæ, Египет, Инди, Иран, Казахстан, Китай, Латинаг Америкæйы бизнес-æхсæнадтимæ.
Ацы аз форумы хайад райсдзысты 500-йæ фылдæр уæрæсейаг компанийы 65 алыхуызон къабазæй.
Петербургаг æхсæнадæмон экономикон форум уагъд цæуы 1997 азæй фæстæмæ, 2006 азæй та уагъд цæуы Уæрæсейы президенты патронат æмæ хайадистæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0