Цæгат Иры УУМ фæдзæхсы зынгсирвæзты тæссагдзинадæй

© Photo : Pixabay / geraltÆнтæф
Æнтæф - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 18 июны онг уыдзæн зынсирвæзтты стыр тæссагдзинад, хъусын кæны æртыццæджы регионалон уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Цæгат Ирыстоны гидрометеорологи æмæ мониторингы центры информацимæ гæсгæ, 16-18 июны республикæйы быдырон районты уыдзæн зынгсирвæзтты стыр тæссагдзинад (4 кълас)", - дзырдæуы УУМ сайтыл.
Уагдон сиды республикæйы цæрджытæ æмæ туристтæм, цæмæй уой арæхстджын, афтæ ма хуры бын бирæ рæстæг ма æрвитой 12-æй 18 сахаты онг. Нæй гæнæн арт кæнын, судзын хус кæрдæг æмæ æппарын цардуагон бырон, фæткхалджытæм æнхъæлмæ кæсы ивар, хъусын кæны УУМ пресс-службæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0