Уæрæсейаг æфсад иу суткæмæ скуынæг кодта украинæйаг тыхты 400-йæ фылдæр æмбырдуаты районы

© Sputnik / Иван Родионов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсад иу суткæмæ скуынæг кодта украинæйаг тыхты 400-йæ фылдæр æмбырдуаты районы
Уæрæсейаг æфсад иу суткæмæ скуынæг кодта украинæйаг тыхты 400-йæ фылдæр æмбырдуаты районы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik. Ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери иу суткæмæ скуынæг кодтой украинæйаг тыхты 400-йæ фылдæр æмбырдуаты районы æмæ фæткдаруаты пункты. Уый тыххæй æртыццæджы фехъусын кодта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-лейтенант Игорь Конашенков.
"Ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери иу суткæмæ скуынæг кодтой: æфсæддонтæ æмæ техникæйы 313 æмбырдуаты районы, дæлхайæдты фæткдаруаты 43 пункты, афтæ ма Украинæйы Гарзджын тыхты артиллерион дæлхайæдты 62 æхсыны позици", - загъта Конашенков.
Украинæйы Гарзджын тыхтæ фехстæ уадзæн пункт Уæрæсейы Курскы областы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2022
Украинæйы Гарзджын тыхтæ фехстой уадзæн пункт Уæрæсейы Курскы областы
Афтæ ма иу суткæмæ Уæрæсейы авиаци скуынæг кодтой дæсæй фылдæр быдырон артиллерион хæцæнгарзы, сæ нымæцы америкæйаг гаубицатæ М777.
"Авиацийы цæфтæй скынæг кодтой 300-йæ фылдæр националисты, радиоэлектронон тохы станц Харьковы областы цæрæн пункт Малиновкайы районы, дæс танк æмæ хæстон хæдтулгæйы, залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы æртæ иуæджы, 18 сæрмагонд хæдтулгæйы, æртæ минометон къорды, афтæ ма быдырон артиллерийы 11 хæцæнгарзы, сæ нымæцы цыппар америкæйаг 155-миллиметрон гаубицайы", - загъта инæлар-лейтенант.
Уымæй дарддæр иттæг дырыс ракетæтæ "Калибр"-æй скуынæг кодтой фæсарæйнаг хæстæрмæджыты æфтауц Львовы областы, бафтыдта Игорь Конашенков.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 203 хӕдтӕхӕджы, 131 вертолеты, 1211 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 339 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3558 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 524 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1958 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3623 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0