Цхинвалы Кадетон скъолайæн ратдзысты 2008 азы августы хæсты хъайтары ном

© SputnikХъахъхъæнынады министрады Кадетон скъола
Хъахъхъæнынады министрады Кадетон скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады Кадетон скъолайæн ратдзысты майор Багаты Амираны ном, кæцы хъайтардзинад равдисгæйæ фæмард 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Ахæм хъæппæрис рахаста хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг булкъон Пухаты Владимир, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Скъуыддзаг райстой, цæмæй сæнусон кæной хъайтары ном æмæ райтынг кæной фæсивæдмæ бæрзонд граждайнаг миниуджытæ, бафтыдтой Хъахъхъæнынады министрады.
"Ахæм хъæппæрисимæ Хъахъхъæнынады министрад бадзурдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадмæ, цæмæй йæм æркæсой сæ радон рабадтыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма кадетон скъолайы рауагъдон къласы ахуырдзаутæ æрвылаз хæсдзысты капитан Джиоты Азæмæты ном, кæцы фæмард Цхинвалы ныгуылæн хайы тохты.
Майор Багаты Амиран уыд Гарзджын тыхты Сæйраг штабы разысгарæн дæлхайады хистæры хæдивæг æмæ хъæбатырдзинад равдисгæйæ бахызт йе ‘мкусджытимæ знагимæ тохы 2008 азы 8 августы .
Ног хабӕртты лентӕ
0