Цхинвалы зӕлдфӕлындӕн управлени ӕхсӕды бӕлӕстӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваОбрубка деревьев в Цхинвале
Обрубка деревьев в Цхинвале  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны горӕты администрацийы зӕлдфӕлындӕн управлени ӕхсӕды горӕты бӕлӕстӕ, ныридӕгӕн куыстытӕ цӕуынц Путины уынгыл, фехъусын кодта Sputnik управленийы хистӕр Пӕррӕстаты Ирина.

"Бӕлӕстӕ ӕхсӕст рагӕй нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ къалиуты бынийау ӕрцыдысты. Хъыгдарынц фистӕгӕй цӕуджыты, хӕдтулгӕты, стӕй ма ӕхгӕнынц фӕндагон нысӕнттӕ", - загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм хъусдарды цух у ӕгас горӕт.
"Ивгъуыд аз ӕрмӕст бахсӕстам Хъайтарты уынг, аннӕтӕн сӕ фылдӕр сты ӕхсӕдинаг", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0