https://sputnik-ossetia.com/20220617/duneyy-ivyndzinadty-ama-ukrainayy-spetsoperatsiyy-tykhkhay---putin-ralauuyd-paef-2022-17208691.html
Дунейы ивындзинӕдты ӕмӕ Украинӕйы спецоперацийы тыххӕй - Путин ралӕууыд ПӔЭФ-2022
Дунейы ивындзинӕдты ӕмӕ Украинӕйы спецоперацийы тыххӕй - Путин ралӕууыд ПӔЭФ-2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Ныртӕккӕ экономикӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон политикӕйы цы ивындзинӕдтӕ цӕуынц, уыдон сты тектоникон ӕмӕ революцион, фехъусын кодта УФ президент... 17.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-17T18:03+0300
2022-06-17T18:03+0300
2022-06-17T18:03+0300
ног хабӕрттӕ
политикӕ
уӕрӕсейы
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/11/17206227_0:0:3035:1708_1920x0_80_0_0_82d7ab934b71e1259b98b9fdf3b6c902.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Ныртӕккӕ экономикӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон политикӕйы цы ивындзинӕдтӕ цӕуынц, уыдон сты тектоникон ӕмӕ революцион, фехъусын кодта УФ президент Владимир Путин ПӔЭф-2022 пленарон рабадты майрӕмбоны.Юбилейон XXV Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форум байгом ис ӕртыццӕджы - хайад дзы исынц 90-ӕй фылдӕр бӕстӕйы минӕвӕрттӕ, се хсӕн Хуссар Ирыстонӕй дӕр.Уӕрӕсейаг раздзог ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, дзырд цӕуы "объективон процесстыл ӕмӕ ӕцӕгӕй революцион, тектоникон ивындзинӕдтыл геополитикӕйы, глобалон экономикӕйы, технологион къабазы, ӕхсӕнадӕмон ахастыты ӕппӕт системӕйы".Фехӕлдгонд бындуртӕПрезидент бахахх кодта, Ныгуылæн барæй кæй фехæлдта æхсæнадæмон бындуртæ сæ геополитикон иллюзиты сæраппонд. "Ахæм ахсджиаг нысаниуджытæ бизнесæн, куыд кусæгон репутаци, мулкмæ нæфæцагайгæдзинад, æууæнк дунеон валютæтыл, фехæлдтой. Хъыгагæн, уыцы бындуртæ фехæлдтой сæ коллегæтæ Ныгуылæны. Æмæ уый арæзт æрцыд сæ рагон геополитикон иллюзиты сæраппонд", - загъта Путин. Ӕндæр гæнæн нал уыдУкраинæйы сæрмагонд æфсæддон оперицийыл дзургæйæ, Путин банысан кодта, уый ауадзыны скъуыддзаг кæй уыд æнæмæнгхъæугæ. "Ныгуылæны бæстæтæ никуыд æххæст кодтой уый размæ райсгæ бæрндзинад. Семæ ног бадзырдтæ бафыссын дæр нал уыд фадат. Ахæм уавæрты, махæн рисктæ æмæ æртхъирæнтæ куы фæфылдæр сты, уæд Уæрæсейы скъуыддзаг сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайыны фæдыл зын, фæлæ æнæмæнгхъæугæ", - загъта паддзахады сæргълæууæг. Уый банысан кодта, ацы скъуыддзаг баст кæй у уæрæсейæгтæ æмæ Донбассы адæмты бахъахъхъæнынæн, кæцытæ 8 азы дæргъы бавзæрстой геноцид Киевы режимы ‘рдыгæй.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/11/17206227_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_4ea687e3e301615e73175a93943c469f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, политикӕ, уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ, политикӕ, уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Ныртӕккӕ экономикӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон политикӕйы цы ивындзинӕдтӕ цӕуынц, уыдон сты тектоникон ӕмӕ революцион, фехъусын кодта УФ президент Владимир Путин ПӔЭф-2022 пленарон рабадты майрӕмбоны.
Юбилейон XXV Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форум байгом ис ӕртыццӕджы - хайад дзы исынц 90-ӕй фылдӕр бӕстӕйы минӕвӕрттӕ, се хсӕн Хуссар Ирыстонӕй дӕр.
"Фӕстаг цалдӕр дӕсгай ӕзты планетӕйы сӕвзӕрд ӕмӕ хъӕрӕй сӕхи тыххӕй хъусын кӕнынц ног фидар центртӕ, уыдонӕй алкӕцы дӕр размӕ кӕны йӕ политикон системӕтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон институттӕ, реализаци кӕнынц сӕхи модельтӕ экономикон райрӕзты, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис бар сӕ бахъахъхъӕнынӕн, национ суверенитет бахъахъхъӕнынӕн", - загъта Путин.
Уӕрӕсейаг раздзог ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, дзырд цӕуы "объективон процесстыл ӕмӕ ӕцӕгӕй революцион, тектоникон ивындзинӕдтыл геополитикӕйы, глобалон экономикӕйы, технологион къабазы, ӕхсӕнадӕмон ахастыты ӕппӕт системӕйы".
Президент бахахх кодта, Ныгуылæн барæй кæй фехæлдта æхсæнадæмон бындуртæ сæ геополитикон иллюзиты сæраппонд. "Ахæм ахсджиаг нысаниуджытæ бизнесæн, куыд кусæгон репутаци, мулкмæ нæфæцагайгæдзинад, æууæнк дунеон валютæтыл, фехæлдтой. Хъыгагæн, уыцы бындуртæ фехæлдтой сæ коллегæтæ Ныгуылæны. Æмæ уый арæзт æрцыд сæ рагон геополитикон иллюзиты сæраппонд", - загъта Путин.
Украинæйы сæрмагонд æфсæддон оперицийыл дзургæйæ, Путин банысан кодта, уый ауадзыны скъуыддзаг кæй уыд æнæмæнгхъæугæ. "Ныгуылæны бæстæтæ никуыд æххæст кодтой уый размæ райсгæ бæрндзинад. Семæ ног бадзырдтæ бафыссын дæр нал уыд фадат. Ахæм уавæрты, махæн рисктæ æмæ æртхъирæнтæ куы фæфылдæр сты, уæд Уæрæсейы скъуыддзаг сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайыны фæдыл зын, фæлæ æнæмæнгхъæугæ", - загъта паддзахады сæргълæууæг. Уый банысан кодта, ацы скъуыддзаг баст кæй у уæрæсейæгтæ æмæ Донбассы адæмты бахъахъхъæнынæн, кæцытæ 8 азы дæргъы бавзæрстой геноцид Киевы режимы ‘рдыгæй.