Гаглойты Алан саргъ кодта Уæрæсейы уæвæг Хуссар Иры минæварады куыстæн

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан саргъ кодта Уæрæсейы уæвæг Хуссар Иры минæварады куыстæн
Гаглойты Алан саргъ кодта Уæрæсейы уæвæг Хуссар Иры минæварады куыстæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан стыр аргъ скодта республикæйы минæварады куыстæн Уæрæсейы. Уый тыххæй президент загъта йæ кусæгон балцы рæстæджы Мæскуымæ - Гаглойты Алан бабæрæг кодта минæварад æмæ базонгæ ис коллективы куысты уавæртимæ, хъусын кæны президенты пресс-службæ.
© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан саргъ кодта Уæрæсейы уæвæг Хуссар Иры минæварады куыстæн
Встреча с сотрудниками Посольства Республики Южная Осетия в Российской Федерации - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2022
Гаглойты Алан саргъ кодта Уæрæсейы уæвæг Хуссар Иры минæварады куыстæн
Дипмиссийы сæргълæууæг Гасситы Знауыр базонгæ кодта президенты минæарады архайдимæ, дипломатон æмæ административон персоналы куысты уавæртимæ, афтæ ма загъта цалдæр æнхъарæны, кæцытæ фæхуыздæр кæндзысты фæсарæйнаг уагдоны куысты фæстиуджытæ.
"Гаглойты Алан бæрзонд аргъ скодта бакæнгæ куыстæн æмæ йын банысан кодта йæ нысаниуæг Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы, уæлдайдæр та стратегион партнер - Уæрæсейы Федерициимæ - бастдзинæдты алыварсон райрæзт æмæ сфидар кæныны хъуыддаджы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Президент равдыста ныфс, иумæйаг тыхтæй кæй бантысдзæн аскъуыддзаг кæнын актуалон фарстытæ, кæцытæ лæууынц республикæйы раз.
Ног хабӕртты лентӕ
0