Цхинвалы ивынц муниципалон хæдзæртты бахизæн дуæрттæ

© Photo : Пресс-служба администрации ЦхинвалаЦхинвалы ивынц муниципалон хæдзæртты бахизæн дуæрттæ
Цхинвалы ивынц муниципалон хæдзæртты бахизæн дуæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны администрацийы дæлбар цæрæнуатон-эксплуатацион контора ивы муниципалон хæдзæртты бахизæн дуæрттæ.
Уагдоны сæргълæууæг Хъотайты Алан куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй азы райдайæнæй сæвæрдтой дыууынмæ æввахс дуары.
"Мах раивæм подъездты дуæрттæ, иумæйаг пайдакæнынады бынæтты техникон лæггæдтæн фæрæзтæ куы райсæм, уæд. Æмбæстæгтæ йын фидынц 2,14 сомы", - загъта Хъотайты Алан.
Уый банысан кодта, дуæрттæ раивын æнæмæнг кæй хъуыд, уымæн æмæ сæ 30 азы дæргъы не сног кодтой.
Агентады ныхасæмбал бахахх кодта, ахæм куыстытæ кæй цæудзысты фидæны дæр. Ныртæккæ Цхинвалы бирæ уынгтыл ныридæгæн сæвæрдтой æфсæн дуæрттæ хæдзæртты. Уымæй дарддæр горæты администраци архайы уынгты хæрзарæзтадыл: кæрдынц кæрдæг, садзынц дидинджытæ æмæ æхсæдынц бæлæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0