Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой "Азов"-ы штаб Харьковы областы

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæУкраинæйы сæрмагонд æфсæддон операци
Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Уæрæсейы æфсад иттæг дырыс ракетæтæй скуынæг кодта националистон æмбырдгонд "Азов"-ы дæлхайады штаб Харьковы областы. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-лейтенант Игорь Конашенков.
Афтæ ма иу суткæмæ уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта знаджы удæгас тыхтæ æмæ æфсæддон техникæйы æмбырдуаты 18 районы, украинæйаг артиллери æмæ минометты дæс æхсыны позици, сæ нымæцы залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы æхсæз батарей Зайцево, Курдимовка, Дзержинск, Бахмут, Артемово æмæ Очеретинойы районты.
Уымæй дарддæр Донецкы областы цæрæн пункттæ Спорное æмæ Выемкайы цур скуынæг кодтой ракетон-артиллерион хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджыты дыууæ æфтауцы.
Херсон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2022
Херсоны областы 24 февралӕй фӕстӕмӕ райгуыргӕ сабитӕ ӕнӕкъуыхцыйӕ исдзысты УФ ӕмбӕстагад
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 205 хӕдтӕхӕджы, 131 вертолеты, 1233 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 342 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3587 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 539 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 2013 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3658 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0