https://sputnik-ossetia.com/20220618/srdy-sezonon-nizt-m-s-kuyd-khuy-khi-bakhakhkhnyn-17199809.html
Сæрды сезонон низтæ æмæ сæ куыд хъæуы хи бахъахъхъæнын
Сæрды сезонон низтæ æмæ сæ куыд хъæуы хи бахъахъхъæнын
Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæрды сезонон низтæ алыхатдæр сарæх вæййынц, уæлдайдæр сывæллæттæн. Цавæр низтæ сты, куыд сæ хъæуы хи хъахъхъæнын - уый тыххæй Sputnik радзырдта педиатр... 18.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-18T11:18+0300
2022-06-18T11:18+0300
2022-06-18T11:18+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/11/17199650_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_b66bd5d0bc18511e48e07e0b61b2f67d.jpg
Сæрды сезонон низтæ æмæ куыд хъæуы хи бахъахъхъæнын
Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæрды сезонон низтæ æмæ куыд хъæуы хи бахъахъхъæнын
Сæрды сезонон низтæ алыхатдæр сарæх вæййынц, уæлдайдæр сывæллæттæн. Цавæр низтæ сты, куыд сæ хъæуы хи хъахъхъæнын - уый тыххæй Sputnik радзырдта педиатр Зассеты Ольга. Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ сæрды ныййарджытæ арæхдæр æрбадзурынц дохтыртæм гуыбынниз, аллерги, травмæтæ æмæ джыбыйы фæхæцыны тыххæй. "Сывæллæттæ арæх æвналынц дыргътæм æнæхсад къухтæй, афтæмæй сæ ахæрынц æмæ уымæ гæсгæ гуыбыннизы инфекци фæзыны", - бамбарын кодта Зассеты Ольга. Педиатры ныхæстæм гæсгæ, экологийы уавæр кæй фæфыддæр ис, уымæ гæсгæ сывæллæттыл арæхдæр райдыдта зынын аллерги. Афтæ ма сарæх сты джыбыйы хæстытæ дæр. Æнæмæнгæй æвæстиатæй хъæуы дохтыртæм бакæнын сывæллоны, цæмæй йын уыдон æмбæлон æххуыс бакæной. Хи мадзæлттæй пайда кæнæн нæй. "Джыбымæ нæ хъæуы æвналын, гæнæн ис йæ сæр кæнæ йæ хæйттæй искæцы баззайа буары мидæг æмæ уый зиан æрхæсдзæн", - баххæст кодта Зассеты Ольга. Бæстонæй сезонон низтæ æмæ куыд хъæуы хи бахъахъхъæнын, уый тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/11/17199650_130:0:2861:2048_1920x0_80_0_0_e0526923c835d3ade98392f2a3fb788b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
Сæрды сезонон низтæ æмæ сæ куыд хъæуы хи бахъахъхъæнын
Сæрды сезонон низтæ алыхатдæр сарæх вæййынц, уæлдайдæр сывæллæттæн. Цавæр низтæ сты, куыд сæ хъæуы хи хъахъхъæнын - уый тыххæй Sputnik радзырдта педиатр Зассеты Ольга.
Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ сæрды ныййарджытæ арæхдæр æрбадзурынц дохтыртæм гуыбынниз, аллерги, травмæтæ æмæ джыбыйы фæхæцыны тыххæй.
"Сывæллæттæ арæх æвналынц дыргътæм æнæхсад къухтæй, афтæмæй сæ ахæрынц æмæ уымæ гæсгæ гуыбыннизы инфекци фæзыны", - бамбарын кодта Зассеты Ольга.
Педиатры ныхæстæм гæсгæ, экологийы уавæр кæй фæфыддæр ис, уымæ гæсгæ сывæллæттыл арæхдæр райдыдта зынын аллерги. Афтæ ма сарæх сты джыбыйы хæстытæ дæр. Æнæмæнгæй æвæстиатæй хъæуы дохтыртæм бакæнын сывæллоны, цæмæй йын уыдон æмбæлон æххуыс бакæной. Хи мадзæлттæй пайда кæнæн нæй.
"Джыбымæ нæ хъæуы æвналын, гæнæн ис йæ сæр кæнæ йæ хæйттæй искæцы баззайа буары мидæг æмæ уый зиан æрхæсдзæн", - баххæст кодта Зассеты Ольга.
Бæстонæй сезонон низтæ æмæ куыд хъæуы хи бахъахъхъæнын, уый тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.