https://sputnik-ossetia.com/20220619/kurezt-iron-vzadzhy--17123562.html
Курьезтæ ирон æвзаджы
Курьезтæ ирон æвзаджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Æвзагæн йæхи æгъдæуттæ ис æмæ сæм сæрмагондæй куы нæ бацымыдис кæнай, уæд зынгæ дæр нæ кæнынц. Цæвиттон: Фосдарджытæ æдыхстæй æрвитынц зымæгиуат. Цы рæдийы ацы... 19.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-19T10:30+0300
2022-06-19T10:30+0300
2022-06-19T10:30+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/0e/17123072_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_0bc931a03eef8f4a20b78c452d66d71b.png
Курьезтæ ирон æвзаджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Курьезтæ ирон æвзаджы
Æвзагæн йæхи æгъдæуттæ ис æмæ сæм сæрмагондæй куы нæ бацымыдис кæнай, уæд зынгæ дæр нæ кæнынц. Цæвиттон: Фосдарджытæ æдыхстæй æрвитынц зымæгиуат. Цы рæдийы ацы æрвитынц зымæгиуат? Цыма ницы. Алчи дæр æй æмбары æнæ тæлмацгæнæджы æххуысæй. Ирон æвзаджы фæткмæ гæсгæ "æрвитын"-имæ хуыздæр фидауынц рæстæг, бон, æхсæв, зымæг, изæр, сæрд, суанг ма æцæгæлон æнæхонгæ "каникултæ" æмæ "отпуск", "сезон" æмæ "период". Нæ газетты, журналты фембæлы дзырд "афойнадыл". Дзæбæх-ма йæм æркæсут: йæ кæрон -ыл у. Уый æфты, тасындзæг чи кæны, æппæт уыцы мингай дзырдтæм; бæлас- ыл, хид-ыл, мах-ыл, дард-ыл, бадыныл... Нæй сын фæнымайæн. Фæиртасæм ацы -ыл ацы дзырдтæй æмæ уæддæр дзырдтæй баззайдзысты; бæлас, хид, мах... Раскъуынæм йæ -ыл афойнадыл-æн дæр æмæ ма нæ къухы аззайдзæн цавæрдæр афойнад. Æмæ цы у афойнад? Цы ран нæ бахъуыд? Цы амоны? Ницы. Фæлæ иугæр кæйдæр фæрцы райгуырдис дзырд "афойнадыл", баирвæзт нæ дзырдуæттæм дæр, уæд цæрæд. Кæй хъыгдары? Æцæг у, йæ фарсмæ сæ куыст кæнынц дыууæ гъæйтт-мардзæ сыгъдæг дзырды "афоныл" æмæ "рæстæгыл", фæлæ чизоны афойнадыл-æн дæр искуы разына йæхи мидис "развæлгъау афоныл", "йæхи рæстæгыл" кæнæ æндæр ахæм исты. Ныхасы сæр ууыл нæу, æмæ тох расидæм дзырдты ныхмæ. Иугæр сæ дзурынц, уæд, æвæццæгæн, хъæуынц, æмæ сæ чи нæ дзуры, уыдон дæр сыл хъуамæ хъæцой. Æндæра нæм "æнæзакъоныл" дзырдтæ дзæвгар разынид. Зæгъæм, дзырд "дæрдджын". Рауаид фендджыны хуызæн: дæрд (дард, дарын – æй) номдар нæу æмæ йæм уæд-джын ма хъуамæ бафтыдаид. Фæлæ йæм бафтыд, æмæ кæуылты у ацы "дæрдджын".Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ. Бæстондæрæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстонмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/06/0e/17123072_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_32be1029e8b36b538af0aad905f8788f.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Æвзагæн йæхи æгъдæуттæ ис æмæ сæм сæрмагондæй куы нæ бацымыдис кæнай, уæд зынгæ дæр нæ кæнынц. Цæвиттон: Фосдарджытæ æдыхстæй æрвитынц зымæгиуат. Цы рæдийы ацы æрвитынц зымæгиуат? Цыма ницы. Алчи дæр æй æмбары æнæ тæлмацгæнæджы æххуысæй.
Ирон æвзаджы фæткмæ гæсгæ "æрвитын"-имæ хуыздæр фидауынц рæстæг, бон, æхсæв, зымæг, изæр, сæрд, суанг ма æцæгæлон æнæхонгæ "каникултæ" æмæ "отпуск", "сезон" æмæ "период".
Нæ газетты, журналты фембæлы дзырд "афойнадыл". Дзæбæх-ма йæм æркæсут: йæ кæрон -ыл у. Уый æфты, тасындзæг чи кæны, æппæт уыцы мингай дзырдтæм; бæлас- ыл, хид-ыл, мах-ыл, дард-ыл, бадыныл... Нæй сын фæнымайæн. Фæиртасæм ацы -ыл ацы дзырдтæй æмæ уæддæр дзырдтæй баззайдзысты; бæлас, хид, мах... Раскъуынæм йæ -ыл афойнадыл-æн дæр æмæ ма нæ къухы аззайдзæн цавæрдæр афойнад. Æмæ цы у афойнад? Цы ран нæ бахъуыд? Цы амоны? Ницы.
Фæлæ иугæр кæйдæр фæрцы райгуырдис дзырд "афойнадыл", баирвæзт нæ дзырдуæттæм дæр, уæд цæрæд. Кæй хъыгдары? Æцæг у, йæ фарсмæ сæ куыст кæнынц дыууæ гъæйтт-мардзæ сыгъдæг дзырды "афоныл" æмæ "рæстæгыл", фæлæ чизоны афойнадыл-æн дæр искуы разына йæхи мидис "развæлгъау афоныл", "йæхи рæстæгыл" кæнæ æндæр ахæм исты.
Ныхасы сæр ууыл нæу, æмæ тох расидæм дзырдты ныхмæ. Иугæр сæ дзурынц, уæд, æвæццæгæн, хъæуынц, æмæ сæ чи нæ дзуры, уыдон дæр сыл хъуамæ хъæцой. Æндæра нæм "æнæзакъоныл" дзырдтæ дзæвгар разынид. Зæгъæм, дзырд "дæрдджын". Рауаид фендджыны хуызæн: дæрд (дард, дарын – æй) номдар нæу æмæ йæм уæд-джын ма хъуамæ бафтыдаид. Фæлæ йæм бафтыд, æмæ кæуылты у ацы "дæрдджын".
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстонмӕ.