Æфсæддон дохтыр Цæгат Ирæй райста преми "Призвание"

© Sputnik / Антон Вергун /  Ахизын медиабанкмæБелгороды область
Белгороды область - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Æфсæддон дохтыр Цæгат Ирыстонæй Мария Мирошниченкойы, кæцы расгуыхт сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы Украинæйы, схорзæхджын кодтой сæйраг медицинон преми "Призвание"-йæ, хъусын кæны Ossetia News.
Сæрмагонд премитæ райстой 10 æфсæддон дохтыры. Уыдонæй авдæй фæцæф сты сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы, сæ нымæцы Мария Мирошниченко.
"Мах ныридæгæн цæттæ стæм дарддæры хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ. Фæнды мæ алкæмæндæр зæгъын стыр бузныг. Бузныг коллегæтæн, æмгæрттæн, кæцытæ ацы тæккæ æххæст кæнынц нæ службæйон хæслæвæрдтæ" – радзырдта Мария Мирошниченко.
Чызг фыццаг бонæй фæстæмæ хайад иста сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы. Æхстыты рæстæджы уый фæцæф ис, фæлæ уæддæр бакодта адæмы госпитальмæ, фервæзын кодта фельдшеры. Уæрæсейы территоримæ æндæр фæцæфуæвджыты къордимæ Мирошниченко цыд цалдæр боны дæргъы.
Ног хабӕртты лентӕ
0