Хуссар Иры президент снысан кодта Джуссойты Константины хицауады сӕрдарӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanДжуссойты Константин
Джуссойты Константин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июн - Sputnik. Хуссар ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта республикӕйы хицауады сӕрдарӕй Джуссойты Константины.
"Республикӕйы Конституцийы 50 статьяйы фӕндзӕм пунктмӕ гӕсгӕ снысан кӕнын Джуссойты Константин Хасаны фырты Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдарӕй", - дзырдӕуы барамынды, кӕцы мыхуыргонд ӕрцыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы сайтыл.
Майрӕмбоны РХИ парламент ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты Джуссойты Константины кандидатурӕйыл премьер-министры бынатмӕ.
Биографион справкӕ:
Джуссойты Константин райгуырд 1967 азы 23 ноябры.
1989 азы каст фӕцис ГПИ цхинвайлаг филиал, райста дӕсниад "Технология металлорежущих станков и инструментов".
1993 - 2011 ӕзты – арӕзтадон компани "Приличный"-ы генералон директор.
2011 азӕй абоны онг –арӕзтадон компании "Мегаполис"-ы генералон директор.
Ис ын ӕмкъай ӕмӕ иу чызг.
Ног хабӕртты лентӕ
0