https://sputnik-ossetia.com/20220620/khussar-iry-tstt-knynts-rauagdon-balm-17236955.html
Хуссар Иры цæттæ кæнынц рауагъдон балмæ
Хуссар Иры цæттæ кæнынц рауагъдон балмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны скъолаты айзæлд фæстаг дзæнгæрæг, ахуырдзаутæ радтой рауагъдон фæлварæнтæ дæр. Ныр та зноны... 20.06.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-06-20T14:22+0300
2022-06-20T14:22+0300
2022-06-20T14:22+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/06/1a/12426837_0:319:3073:2047_1920x0_80_0_0_1211bc6a4f9e1ed575cd9fb137143ef3.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны скъолаты айзæлд фæстаг дзæнгæрæг, ахуырдзаутæ радтой рауагъдон фæлварæнтæ дæр. Ныр та зноны скъоладзаутæм æнхъæлмæ кæсы рауагъдон бал, кæцы ацæудзæн 23 июны Цхинвалы Театралон фæзуатыл.Организатортæ куыд банысан кодтой, афтæмæй бал уыдзæн егъау. Мадзал æрæмбырд кæндзæн 500-йæ фылдæр рауагъдоны, афтæ ма горæты æмæ районты сæдæмæ æввахс ахуыргæнæджы.Мадзалмæ цæттæкæнынад æмæ ауадзыныл архайы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан.Йæ ныхæстæм гæсгæ, бал адарддæр уыдзæн 3,5 сахаты бæрц.Бæрæгбонон зæрдæйы уагмæ æнæкæсгæйæ, ныййарджытæ балмæ цæттæ кæныны рæстæджы бахардз кæнынц стыр финансон фæрæзтæ. Чызгæн рауагъдон бал слæудзæн 15 мин сомæй уæлæмæ (дарæс, аксессуартæ æмæ стилисты лæггæдтæ). Лæппуйæн костюм слæудзæн 6-æй 10 мин сомы онг (нымады рæстæджы банысангонд æрцыдысты минималон суммæтæ).
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/06/1a/12426837_0:0:2729:2047_1920x0_80_0_0_7eb642c4a50200c1395ba5c679d85d71.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры цæттæ кæнынц рауагъдон балмæ
ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны скъолаты айзæлд фæстаг дзæнгæрæг, ахуырдзаутæ радтой рауагъдон фæлварæнтæ дæр. Ныр та зноны скъоладзаутæм æнхъæлмæ кæсы рауагъдон бал, кæцы ацæудзæн 23 июны Цхинвалы Театралон фæзуатыл.
Организатортæ куыд банысан кодтой, афтæмæй бал уыдзæн егъау. Мадзал æрæмбырд кæндзæн 500-йæ фылдæр рауагъдоны, афтæ ма горæты æмæ районты сæдæмæ æввахс ахуыргæнæджы.
Мадзалмæ цæттæкæнынад æмæ ауадзыныл архайы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан.
"Уыдзæн дзы традицион сырх фæндаг, концерт Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны артистты хайадистæй, афтæ ма дискотекæ. Уымæй дарддæр махæн ис чысыл сюрпризтæ рауагъдонтæн", - радзырдта Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны директоры хæдивæг Æрсойты Зæринæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бал адарддæр уыдзæн 3,5 сахаты бæрц.
Бæрæгбонон зæрдæйы уагмæ æнæкæсгæйæ, ныййарджытæ балмæ цæттæ кæныны рæстæджы бахардз кæнынц стыр финансон фæрæзтæ. Чызгæн рауагъдон бал слæудзæн 15 мин сомæй уæлæмæ (дарæс, аксессуартæ æмæ стилисты лæггæдтæ). Лæппуйæн костюм слæудзæн 6-æй 10 мин сомы онг (нымады рæстæджы банысангонд æрцыдысты минималон суммæтæ).