Фæссоветон тыгъдады дихгонд адæмы проблемæ ис æрмæстдæр ирæттæн – парламенты спикер

© Sputnik / Natalia AiriyanТадтаты Алан
Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадтаты Аланы ныфс ис, республикæйы адæм референдумыл сæ хъуыды куы зæгъой, уæд Уæрæсе райсдзæн иунæг раст скъуыддзаг – райсын Хуссар Ирыстоны йе ‘скондмæ.
Цхинвалы ацыд брифинг хуссарирыстойнаг делегацийы Мæскуымæ балцы хатдзæгты фæдыл.
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2022
Хуссар Иры бакусдзысты Уæрæсейы скондмæ бахизыны референдумы ног фарстыл
"Хуссар Ирыстоны адæм сæдæгай азты дæргъы тырныдтой историон рæстдзинадмæ – бахизын Уæрæсейы скондмæ æмæ æрбаиу кæнын Цæгат Ирыстонимæ. Мах иууылдæр æмæ нæ уæрæсейаг коллегæтæ фехъуыстам президенты уынаффæ. Консультацитæ цыдысты дыууæ сахатæй фылдæр, махæй алчидæр загъта йæ хъуыды, Хуссар Ирыстоны кæй хъæуы референдум", - загъта Тадтаты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ федтой æмбаргæдзинад уæрæсейаг коллегæты рдыгæй, æмæ фæстагмæ дзырд цыд "фарстыл, кæцы рахастой 17 июлы референдуммæ".
Парламенты спикер бафтыдта, зæгъгæ, сбæлвырд кодтой æрбаиу кæныны фарсты æнæдырыс формулировкæ, уый фæдыл дзырд цыд, цæмæй референдум ауадзыны инициативон къорд сараза плебисциты юридикон æгъдауæй раст фарст.
Тадтаты Алан бахахх кодта, историон рæстдзинад кæй хъуамæ сæххæст уа, æмæ Ирыстон суа иугонд.
Ног хабӕртты лентӕ
0