Хуссар Иры сараздзысты ног инициативон къорд референдумы фæдыл

© Sputnik / Natalia AiriyanДжиоты Алан
Джиоты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бахизыны фæдыл референдумыл куыст ногæй радыдта, республикæйы арæзт æрцæудзæн ног инициативон къорд. Уый тыххæй Цхинвалы брифингыл фехъусын кодта президенты администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан.
Июны æмбис Мæскуыйы ацыдысты консультацитæ, цы ран хайад райстой УФ президенты администраци, Æдасдзинады Советы, Федерацийы Советы, ФХМ æмæ Экономикæйы министрады минæвæрттæ.
"Уæрæсейаг фарсы позицийæ мах бамбæрстам, Хуссар Ирыстон референдум куы расидт, уæд нæ æххæст кодта хæларад æмæ интеграцийы Бадзырды фыццаг статья. Ацы статьямæ гæсгæ мах хъуамæ æрæмдзых кæнæм нæ архæйдтытæ, кæцытæ кæнынц æддагполитикон фæстиуджытæм. Ахæм ахсджиаг скъуыддзаг нæ æрæмдзых кодтой, æмæ уымæ Уæрæсе цæттæ нæ уыд", - загъта Джиоты Алан.
Президенты администрацийы разамонæг банысан кодта, уый фæдыл арæзт кæй æрцыд делегаци Уæрæсейы столицæмæ.
Мӕскуы, Кремль - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2022
Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ ӕрбаиу кӕныны фарсты ӕвӕрд у юридикон казус, загътой Кремлы
Джиоты Алан бахахх кодта, кæй ис цалдæр варианты референдумы фарсты фæдыл. Фыццаг у хæларадон паддзахады арæзтад, цы ран Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон аразынц цæдис.
Дыккаг вариант – Уæрæсейы скондмæ бахызт субъекты бартыл, æртыккаг та – Уæрæсейы скондмæ бахызт субъекты бартыл, цæмæй уый фæстæ æрбаиу уой Цæгат Ирыстонимæ.
Уымæй дарддæр администрацийы сæргълæууæг банысан кодта, формулировкæ ивд куы æрцæуа, иунæг позици æвзæрст куы æрцæуа, уæд фæзыны референдуммæ цæттæкæнынады фарст.
"Мах фехъуыстам нæ коллегæты хъуыды, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны законад æмæ æндæр параметртæ кæй не сты æмбæлон æмвæзадыл. Хъæуы нæ рæстæг, цæмæй æрнывыл кæнæм законад æмæ æндæр къабæзты куыст. Уый хынцгæйæ бафыстæуыд консультациты хайадисджыты иумæйаг куырдиат, æмæ райдыдта референдуммæ цæттæкæнынады фæдыл ног куыст", - загъта администрацийы сæргълæууæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног къухдариуæгады хæслæвæрд у саразын ног инициативон къорд, фæлæ куыст иууылдæр хъуамæ цæуа закон æмæ хæларад æмæ интеграцийы Бадзырды 1 статьямæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0