Цӕгат ӕмӕ Хуссар Иры шахматистты ӕмбырдгӕндтӕ фыццаг хатт фембӕлдысты турниры

Цӕгат ӕмӕ Хуссар Иры шахматистты ӕмбырдгондӕ фыццаг хатт фембӕлдысты турниры
Рафыссын
Цӕгат Ирыстон-Аланийы Хъобаны хъӕуы комплекс ALPINA-йы ацыдис шахаматтӕй ӕмбаладон матч Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры командӕтимӕ. Шахматты Федерацийы уӕнг Гӕбӕраты Ацӕмӕз куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ турнир ацыд бӕрзонд ӕмвӕзадыл.
"Мадзалы хайад райстой Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй фӕйнӕ 14 хъазӕджы. Нӕхи ӕмбырдгонды уыд хистӕр кары ӕхсӕз хъазӕджы ӕмӕ аст сывӕллоны", - загъта Гӕбӕраты Ацӕмӕз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйӕ цы сывӕллӕттӕ райстой хайад турниры, уыдон сты Цхинвалы шахматты скъола "Белая ладья"-йы хъомылгӕнинӕгтӕ.
Ахӕм фембӕлд фыццаг хатт кӕй ацыд дыууӕ Ирыстоны шахматтӕй хъазджыты ӕхсӕн, уый банысан кодта Гӕбӕраты Ацӕмӕз, ӕмӕ ныфсджынӕй загъта, фидӕны кӕй суыдзысты традицион.
Ног хабӕртты лентӕ
0